Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн. Батӕр дӕ фос сӕрӕмбӕрзт бынӕттӕм, быгъдӕг арвы бын дын цыдӕриддӕр ис, уыдон аууоны бафснай. Уымӕн ӕмӕ дын цыдӕриддӕр быдыры баззайа — адӕмӕй, фосӕй — ихы амӕттаг бауыдзысты, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн».