Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Арвмӕ дӕ къухтӕ сдар, ӕмӕ Мысыры бӕстӕ ахӕм саудалынджы аныгъуылдзӕн, ӕмӕ адӕм, уырзӕй сгаргӕ, куырмӕджы цӕудзысты». Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд. Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс.