Рацыд 9
9
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой. 2Куынӕ сӕ ауадзай, куы та сӕ бауромай, 3уӕд Дунедарӕг Йӕ къух сисдзӕни, быдырты дын цыдӕриддӕр фос ис, уымӕ — бӕхтӕм, хӕрджытӕм, теуатӕм, стуртӕм, сӕгътӕм ӕмӕ фыстӕм: карз емынӕ сыл сыстдзӕн! 4Дунедарӕг бахиздзӕн израилӕгты фосы, мысырӕгты фосыл та нӕ бацауӕрддзӕн. Израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъӕудзӕн“». 5Ацы ӕфхӕрдӕн Дунедарӕг ӕмгъуыд дӕр скодта: «Райсом Дунедарӕг афтӕ бакӕндзӕн ӕппӕт бӕстӕйы!»
6Дыккаг бон Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта: Мысыры фос иууылдӕр фӕцагъды сты, израилӕгты фосӕй та иу дӕр нӕ фӕхъуыди. 7Фараон арвыста бӕрӕг базонынмӕ, ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, израилӕгты фосӕй иу дӕр нӕ фӕхъуыд. Фӕлӕ та уӕддӕр фараон нӕ састи: нӕ уагъта израилӕгты.
8Дунедарӕг загъта Моисей ӕмӕ Ааронӕн: «Пецы хуылфӕй фӕйнӕ армыдзаджы фӕнык райсут, ӕмӕ йӕ Моисей, фараон ӕй куыд уына, афтӕмӕй арвмӕ фехсӕд, 9ӕгас Мысыры сӕрты куыд ахӕлиу уа. Уӕд адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр сӕ буар хӕфдзӕстытӕ фестдзӕн». 10Моисей ӕмӕ Аарон фӕйнӕ армыдзаджы фӕнык райстой пецӕй ӕмӕ фараоны раз ӕрлӕууыдысты. Моисей фӕнык арвмӕ фехста, ӕмӕ адӕмӕн дӕр ӕмӕ фосӕн дӕр сӕ буар хӕфдзӕстытӕй нал зынди. 11Кӕлӕнгӕнджыты бон нал уыд Моисеимӕ сӕ тых ӕвзарын: уыдоны буар дӕр, иннӕ мысырӕгтау, хӕфдзӕстытӕ фестад. 12Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та уӕддӕр нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ.
13Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй райсом раджы фараонмӕ бацӕуа ӕмӕ йын зӕгъа: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой. 14Ацы хатт дӕ ноджы тынгдӕр бафхӕрдзынӕн — дӕхи дӕр, дӕ дӕлдӕрты дӕр ӕмӕ дӕ адӕмы дӕр, ӕмӕ уӕд базондзынӕ, зӕххыл Мӕнӕн ӕмбал кӕй нӕй, уый. 15Мӕ къух дӕм куы систаин ӕмӕ дын дӕхиуыл дӕр ӕмӕ дӕ адӕмыл дӕр емынӕ куы сыстын кодтаин, уӕд зӕххы цъарыл дӕ кой дӕр нал уаид. 16Фӕлӕ дӕ удӕгасӕй ныууагътон, цӕмӕй дын равдисон Мӕ хъомыс, цӕмӕй Мӕ ном айхъуыса ӕппӕт зӕххы цъарыл. 17Ацы бон дӕр ма Мын ды Мӕ адӕмыл дӕ хъал калыс, дӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр нӕй сӕ рауадзын. 18Фӕлӕ йӕ зон, райсом, тӕккӕ ацафон, Ӕз Мысырыл, йӕ равзӕрынӕй нырмӕ кӕй нӕма федта, ахӕм ихуард рауадздзынӕн. 19Батӕр дӕ фос сӕрӕмбӕрзт бынӕттӕм, быгъдӕг арвы бын дын цыдӕриддӕр ис, уыдон аууоны бафснай. Уымӕн ӕмӕ дын цыдӕриддӕр быдыры баззайа — адӕмӕй, фосӕй — ихы амӕттаг бауыдзысты, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕздзӕн».
20Фараоны дӕлдӕртӕй Дунедарӕджы ныхасӕй чи фӕтарст, уыдон агъуысты бааууон кодтой сӕ цагъарты ӕмӕ сӕ фос. 21Йӕ ныхас Ын чи ницӕмӕ ӕрдардта, уыдон та сӕ цагъарты дӕр ӕмӕ сӕ фос дӕр ныууагътой гом арвы бын.
22Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: «Арвмӕ сдар дӕ къухтӕ, ӕмӕ ӕгас Мысыры зӕххыл их ӕрцӕудзӕн. Их ныххойдзӕн адӕмы дӕр, фосы дӕр, зайӕгойты дӕр». 23Моисей йӕ лӕдзӕг арвмӕ сарӕзта, ӕмӕ Дунедарӕг зӕххыл арвы нӕрын, ихуард ӕмӕ ӕрвдзӕхӕр рауагъта. Дунедарӕг их ӕрцӕуын кодта Мысыры ӕппӕт зӕххыл дӕр. 24Их йӕ уарынӕй не ’нцад, арвы судзгӕ фӕттӕ йе ’хсӕнты цӕхӕртӕ калдтой. Ахӕм ӕбуалгъ ихуард цӕрынӕй-хӕрынмӕ никуыма федтой Мысыры цӕрджытӕ. 25Мысыры зӕххыл гом арвы бын цыдӕриддӕр баззад, — адӕймагӕй, фосӕй, зайӕгойӕ, — иууылдӕр сӕ их ныххоста. Суанг ма бӕлӕстӕ дӕр ныссаста. 26Ихуард нӕ уыдис ӕрмӕстдӕр Гошены зӕххыл — уым израилӕгтӕ цардысты.
27Фараон фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Тӕригъӕдджын дӕн ӕз. Дунедарӕг раст у, ӕз ӕмӕ мӕ адӕм та зылынджын стӕм. 28Балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, ӕмӕ кӕрон уа Йӕ ӕрвнӕрд ӕмӕ Йӕ ихӕн. Ӕз уӕ уадзын, нал уӕ бауромдзынӕн».
29Моисей йын загъта: «Куыддӕр сахары ӕдде фӕуон, афтӕ мӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардзынӕн, ӕмӕ налдӕр арвы нӕрд уыдзӕн, налдӕр — ихуард. Уый, цӕмӕй ды зонай, зӕххӕн йӕ хицау Дунедарӕг кӕй у. 30Фӕлӕ, куыд уынын, афтӕмӕй ды дӕр ӕмӕ дӕ дӕлдӕртӕ дӕр Дунедарӕг Хуыцауӕй уӕддӕр нӕма тӕрсут».
31(Гӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор ихдзагъд фесты, уымӕн ӕмӕ хъӕбӕрхор йӕ тӕккӕ ӕфсир ӕфтаугӕйӕ уыд, гӕн — дидинӕг калгӕйӕ. 32Мӕнӕу ӕмӕ нӕлмӕнӕуӕн ницы уыд — уыдон фӕстӕдӕр байтауынц.)
33Моисей фараоны галуанӕй рацыд. Сахары ӕдде йӕ къухтӕ Дунедарӕгмӕ сдардта, ӕмӕ банцадысты арвы нӕрд ӕмӕ ихуард, арвӕй ӕртах дӕр нал ӕрхауд. 34Фараон куы федта, къӕвда, арвы нӕрын ӕмӕ их банцадысты, уӕд та йӕ раздӕры митыл схӕцыд: йӕ дӕлдӕртимӕ сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой. 35Дунедарӕг Моисейӕн куыд дзырдта, афтӕ та йӕ хивӕнд зӕрдӕйы уаг равдыста фараон ӕмӕ израилӕгты нӕ ауагъта.
Currently Selected:
Рацыд 9: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.