1
Рацыд 8:18-19
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Кӕлӕнгӕнджытӕ дӕр бӕргӕ архайдтой сӕ кӕлӕнты руаджы дунейы рухсмӕ сасчытӕ рауадзын, фӕлӕ сын дзы ницы рауад. Адӕм дӕр ӕмӕ фос дӕр сасчыты бын фесты. Кӕлӕнгӕнджытӕ фараонӕн загътой: «Уый Хуыцау сарӕзта». Фӕлӕ та фараон уӕддӕр нӕ басаст. Дунедарӕг куыд дзырдта, афтӕ рауади.
Compare
Explore Рацыд 8:18-19
2
Рацыд 8:1
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Фараонмӕ бацу ӕмӕ йын зӕгъ, афтӕ, дам, зӕгъы Дунедарӕг: „Мӕ адӕмы Мын ауадз, ӕмӕ Мӕм бакувой.
Explore Рацыд 8:1
3
Рацыд 8:15
Фӕлӕ фараон куы федта, фыдбылызӕй фервӕзти, уый, уӕд йӕ зӕрдӕ ныддур кодта ӕмӕ та, Дунедарӕг сын куыд дзырдта, афтӕ нӕ байхъуыста Моисей ӕмӕ Ааронмӕ.
Explore Рацыд 8:15
4
Рацыд 8:2
Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын дӕ бӕстӕ ӕгасӕй дӕр галхӕфсыты бын фӕкӕндзынӕн.
Explore Рацыд 8:2
5
Рацыд 8:16
Дунедарӕг загъта Моисейӕн: «Ааронӕн зӕгъ, цӕмӕй йӕ лӕдзӕгӕй зӕххы рыг ӕрцӕва, ӕмӕ, Мысыры зӕххыл цыдӕриддӕр рыг ис, уый саск феста».
Explore Рацыд 8:16
6
Рацыд 8:24
Дунедарӕг, куыд загъта, афтӕ бакодта. Фараоны галуан, йӕ дӕлдӕрты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Мысыры ӕппӕт зӕхх бӕз-бӕз кодтой дзынгатӕй. Сӕфтмӕ сӕ ӕрцыди бӕстӕ.
Explore Рацыд 8:24
Home
Bible
Plans
Videos