Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:2-4

Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:2-4 ИРББЛ2022

Ӕвиппайды цыма уаддымгӕ сыстад, ахӕм уынӕр ӕрыхъуыст уӕлӕрвтӕй, ӕмӕ, кӕм бадтысты, уыцы хӕдзар ӕгасӕй дӕр уынӕрӕй байдзаг. Ӕмӕ арты ӕвзӕгты хуызӕн цыдӕр ауыдтой; уыцы ӕвзӕгтӕ кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн сты, ӕмӕ дзы алкӕуыл дӕр фӕйнӕ абадти. Се ’ппӕт дӕр схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй ӕмӕ райдыдтой алы ӕвзӕгтыл дзурын, Уд сӕ куыд арӕзта, афтӕ.

វីដេអូសម្រាប់ Апостолты хъуыддӕгтӕ 2:2-4