1
Лука 15:20
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Уыйадыл сыстад ӕмӕ ацыди йӕ фыдмӕ. Фыд ӕй дардмӕ ауыдта ӕмӕ йын фӕтӕригъӕд кодта. Разгъордта йӕм, йе ’фцӕгыл ын ныттыхсти ӕмӕ йын батӕ кодта.
ប្រៀបធៀប
រុករក Лука 15:20
2
Лука 15:24
Уымӕн ӕмӕ мын ацы фырт уыди мард ӕмӕ ныр райгас ис, уыди мын сӕфт ӕмӕ фӕзынди“. Уыйадыл стыр куывд скодтой.
រុករក Лука 15:24
3
Лука 15:7
Зӕгъын уын, фӕсмоны сӕр кӕй нӕ хъӕуы, ахӕм нӕуӕдз фараст рӕстгӕнӕгӕй иу фӕсмонгӕнӕг тӕригъӕдджыны тыххӕй фылдӕр цин уыдзӕни уӕлӕрвты.
រុករក Лука 15:7
4
Лука 15:18
Сыстон, фӕцӕуон мӕ фыдмӕ ӕмӕ йын зӕгъон: ‚Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы
រុករក Лука 15:18
5
Лука 15:21
Фырт ын загъта: „Мӕ фыд, ӕз тӕригъӕд ракодтон уӕларв ӕмӕ дӕ разы ӕмӕ дӕ фырты ном хӕссыны аккаг нал дӕн“.
រុករក Лука 15:21
6
Лука 15:4
«Зӕгъӕм, сымахӕй искӕмӕ сӕдӕ фысы ис ӕмӕ йын дзы иу фесӕфти. Ау, уӕд нӕуӕдз фараст фысы ӕдзӕрӕг быдыры нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уыцы сӕфты фӕдыл нӕ ацӕудзӕн ӕмӕ йӕ нӕ агурдзӕн, цалынмӕ йӕ ссара, уӕдмӕ?
រុករក Лука 15:4
គេហ៍
ព្រះគម្ពីរ
គម្រោងអាន
វីដេអូ