1
Иоанн 12:26
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.
ប្រៀបធៀប
រុករក Иоанн 12:26
2
Иоанн 12:25
Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
រុករក Иоанн 12:25
3
Иоанн 12:24
Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххыл куынӕ сӕмбӕла ӕмӕ уым куынӕ амӕла, уӕд иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ куы амӕла, уӕд та ратдзӕни бирӕ хор.
រុករក Иоанн 12:24
4
Иоанн 12:46
Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.
រុករក Иоанн 12:46
5
Иоанн 12:47
Мӕ ныхӕстӕ Мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.
រុករក Иоанн 12:47
6
Иоанн 12:3
Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка, байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй.
រុករក Иоанн 12:3
7
Иоанн 12:13
Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»
រុករក Иоанн 12:13
8
Иоанн 12:23
Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон.
រុករក Иоанн 12:23
គេហ៍
ព្រះគម្ពីរ
គម្រោងអាន
វីដេអូ