Захариа 13
13
1Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй. 2Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй. 3Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ. 4Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты. 5Уыдонӕй алчидӕр зӕгъдзӕн: «Ӕз пехуымпар нӕ, фӕлӕ зӕхкусӕг дӕн. Мӕ сабибонтӕй мӕм зӕххӕй уӕлдай ницы ис». 6Уӕд ӕй бафӕрсдзысты: «Уӕдӕ ацы ностӕ дӕ буарыл кӕцӕй сты?» Уый дзуапп ратдзӕни: «Мӕ хӕлӕртты хӕдзары над баййӕфтон».
7«О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн. 8Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы чи цӕры, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдонӕн ма се ’ртыккаг хай аирвӕздзӕн, иннӕ дыууӕ хайы цагъды фӕуыдзысты. 9Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Currently Selected:
Захариа 13: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: