YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 12

12
1Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй.
Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: 2Йерусалимы алыварс знӕгтӕ куы ’рхъула кӕной, уӕд ӕй Ӕз йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ суанг Иудӕйӕн дӕр, кӕмӕй ныррасыг уыдзысты, ахӕм кӕхц фестын кӕндзынӕн. 3Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ. 4Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн. 5Уӕд Иудӕйы фӕтӕгтӕ сӕхинымӕр зӕгъдзысты: «Йерусалимы цӕрджытӕ тыхджын сты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы руаджы». 6Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.
7Дунедарӕг ӕппӕты разӕй фервӕзын кӕндзӕн Иудӕйы цатыртӕ, цӕмӕй Давиды байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты кад Иудӕйы кадӕй ма фӕуӕлдӕр уа. 8Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни. 9Уыцы бон Ӕз, Йерусалиммӕ цы адӕмтӕ бырстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн. 10Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты. 11Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау. 12Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр дзыназдзӕнис, алы мыггаг дӕр хъыг кӕндзӕнис хицӕнӕй: Давиды мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Натаны мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; 13Левийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Шимийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй. 14Иннӕ мыггӕгтӕ дӕр иууылдӕр — хицӕнтӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнтӕй.

Currently Selected:

Захариа 12: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in