YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 14

14
1Мӕнӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, тыхгӕнӕг дӕ ӕфтиагӕн цы байста, уыдон дын де ’хсӕн куы уардзысты, уыцы бон. 2Ӕз ӕппӕт адӕмты Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ сахар бацахсдзысты. Йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кӕндзысты, сылгоймӕгты фӕхудинаг кӕндзысты, сахары цӕрджытӕн се ’рдӕг уацары ацӕудзӕн; фӕлӕ сахары иннӕ хай фервӕздзӕнис. 3Уӕд Дунедарӕг уыцы адӕмты ныхмӕ сыстдзӕни, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ. 4Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни. 5Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут.
Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр. 6Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты. 7Уыцы бон кӕд ралӕудзӕнис, уый ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг зоны; уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв, фӕлӕ куы баизӕр уа, уӕд рухс фӕзындзӕни.
8Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн. 9Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу. 10Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн. 11Цӕрдзысты дзы адӕм, ӕлгъыстаг нал фӕуыдзӕн, Йерусалим уыдзӕнис ӕдас. 12Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты. 13Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн. 14Иудӕ дӕр тох кӕндзӕнис Йерусалимы ныхмӕ. Йерусалимы алыварс цы адӕмтӕ цӕрынц, уыдоны исбон Йерусалимы хай бауыдзӕн: ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист, дарӕстӕ. 15Сӕ асадӕнты сын фосы мыггагӕй цыдӕриддӕр ссарой — бӕхтӕ, хӕргӕфсытӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ — се ’ппӕты дӕр сӕ адӕмы азар баййафдзӕн. 16Уый фӕстӕ, Йерусалимы ныхмӕ цы адӕмтӕ тох кодтой, уыдонӕй ма чи аирвӕза, уыдон ӕрвылаз цӕудзысты Йерусалиммӕ — Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ бакувынмӕ, стӕй Халагъудты бӕрӕгбонмӕ. 17Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕй Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ, Йерусалиммӕ бакувынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдон къӕвда нал фендзысты. 18Мысыры адӕм куынӕ сыстой ӕмӕ куынӕ ӕрбацӕуой, уӕд уыдон дӕр къӕвда нӕ фендзысты, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг, Халагъудты бӕргӕбонмӕ иннӕ адӕмтӕй чи не ’рбацӕуа, уыдоны хуызӕн бафхӕрдзӕн. 19Ахӕм ӕфхӕрд айсдзысты Мысыр ӕмӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ чи не ’рбацӕуа, уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр.
20Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты. 21Йерусалим ӕмӕ Иудейы цыдӕриддӕр ӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр суыдзысты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы уаз кӕхцытӕ. Нывонд хӕссынмӕ чидӕриддӕр цӕуа, уыдон-иу сӕ райсдзысты ӕмӕ дзы нывондаг фосы дзидза фыцдзысты. Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны ӕцӕгӕлон базаргӕнджытӕ нал уыдзӕн.

Currently Selected:

Захариа 14: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in