YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 11

11
1Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ! 2Дзыназ, кипарис: ӕрхауди кедр, акалдысты уӕйгуытӕ! Ныдздзыназут, Башаны тулдзтӕ — тар хъӕд акалдӕуыд йӕ рӕбынӕй! 3Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.
4Афтӕ зӕгъы мӕ Дунедарӕг Хуыцау: «Хиз мӕ фысты, ӕргӕвст чи ’рцӕудзӕн, уыдоны. 5Се ’лхӕнджытӕ сӕ марынц, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Чи сӕ уӕй кӕны, уыдон та дзурынц: „Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕз схъӕздыг дӕн“. Нӕ сыл ауӕрдынц фыййӕуттӕ. 6Уымӕ гӕсгӕ ӕмӕ Ӕз ацы зӕххы адӕмӕн нал ныббардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сфыдӕх сӕ кӕндзынӕн кӕрӕдзимӕ, сӕ паддзах дӕр сӕ ныхмӕ суыдзӕни, бӕстӕ ныззыгуым кӕндзысты, фӕлӕ Ӕз никӕй фервӕзын кӕндзынӕн. 7Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн. 8Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон. 9Уый фӕстӕ зӕгъдзынӕн: „Нал уӕ хизын: мӕлинаг чи у, уый амӕлӕд; сӕфинаг чи у, уый фесӕфӕд; чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та кӕрӕдзийы фыдтӕ бахӕрӕнт“. 10Ӕппӕт адӕмтимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехалыны тыххӕй Мӕ хӕрзаудӕны лӕдзӕг райсдзынӕн ӕмӕ йӕ ныссӕтдзынӕн. 11Уыцы бон Мӕ фидыд хӕлд ӕрцӕудзӕнис, ӕмӕ уӕд, ӕнхъӕлмӕ Мӕм чи кӕсы, уыцы мӕгуыр фыстӕ базондзысты, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый. 12Зӕгъдзынӕн сын: „Кӕд уӕ фӕнды, уӕд Мын Мӕ мызд раттут, кӕд нӕ, уӕд ӕй уадзут“. Ӕмӕ Мын дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист сбардзысты».
13Дунедарӕг мын загъта: «Уыцы ӕвзист дурынгӕнӕгмӕ баппар, — ахӕм стыр аргъ Мын скодтой!» Ӕз райстон дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны дурынгӕнӕгмӕ баппӕрстон. 14Мӕ иннӕ лӕдзӕг — фидыд, уый дӕр асастон, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн ӕфсымӕрдзинад фехалон.
15Дунедарӕг мын загъта: «Дӕхицӕн райс ницӕйаг фыййауы гӕрзтӕ. 16Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххыл ахӕм фыййауы сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, чи сӕфы, уыдоныл нӕ бамӕт кӕндзӕн, чи фӕдзӕгъӕл ис, уыдоны нӕ агурдзӕн, рынчынты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ бафсаддзӕн ӕнӕнизты. Хӕрзхаст фыстӕн сӕ дзидза хӕрдзӕн ӕмӕ сын сӕ сӕфтджытӕ срӕдувдзӕн. 17Додойаг у, йӕ дзуджы чи ныууагъта, уыцы ӕвзӕр фиййау! Йӕ къух ын кардӕй ахауын кӕнӕнт, йӕ рахиз цӕст ын дзы скъахӕнт! Йӕ къух бахуыскъ уӕд, ӕмӕ йӕ рахиз цӕст бакуырм уӕд!»

Currently Selected:

Захариа 11: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in