YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 10

10
1Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны. 2Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй. 3Фыййӕуттӕм Мӕ маст ссыгъди, бафхӕрдзынӕн бодзты. Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕрымысдзӕн Йӕ дзуджы — Иудӕйы байзӕддӕгты. Йӕ хӕстон бӕхтау сӕ тохмӕ ӕрцӕттӕ кӕндзӕн. 4Иудӕйы хӕдзарӕй равзӕрдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, цатыры мих ӕмӕ хӕстон ӕрдын, алы фӕтӕг дӕр рацӕудзӕнис уымӕй. 5Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты. 6Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн. 7Ефрем сахъ хӕстоны хуызӕн суыдзӕни, цыма сӕны хъӕстӕ фӕцис, уыйау райдзӕни йӕ зӕрдӕ. Уый фенгӕйӕ, йӕ цот дӕр цин кӕндзысты, Дунедарӕгӕй райдзӕни сӕ зӕрдӕ. 8Ӕз сӕм фӕсиддзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ ахӕстаргъ бафыстон ӕмӕ раздӕрау сбирӕ уыдзысты. 9Кӕд сӕ Ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, — уыдон Мӕ ӕрымысдзысты дард бӕстӕты, сӕ цотимӕ фервӕздзысты уым ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты. 10Мысыры зӕххӕй сӕ раздахдзынӕн, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Галаад ӕмӕ Ливанмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр бынат нал фаг кӕндзӕн. 11Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис. 12Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг.

Currently Selected:

Захариа 10: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in