Захариа 9
9
1Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты; 2ӕввахс сӕм чи у, уыцы Хамат дӕр, стӕй Тир ӕмӕ хинӕйдзаг Сидон дӕр.
3Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин. 4Дунедарӕг ын байсдзӕн йӕ исбон, йӕ мулк ын денджызмӕ фехсдзӕн, йӕ сахар та йын арты хай бакӕндзӕн. 5Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн. 6Ашдоды ӕрцӕрдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ, Ӕз бассӕнддзынӕн сӕрыстыр филистимӕгты. 7Сӕ дзыхтӕ сын ссыгъдӕг кӕндзынӕн тугӕй, сӕ дӕндӕгтӕ — алы ’лгъӕгтӕй. Чи сӕ фервӕза, уыдон дӕр, Иудӕйы иннӕ мыггӕгтау, суыдзысты Хуыцауы исбон, Екрон йевусӕгты хуызӕн суыдзӕни. 8Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕгӕн уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ.
9Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ. 10Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм. 11Дӕуӕн та дӕ уацайрӕгты ӕнӕдон уӕрмӕй фервӕзын кӕндзынӕн, нӕ фидыд кӕй фӕрцы сфидар ис, уыцы туджы сӕраппонд.
12Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн. 13Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат.
Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ. 14Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис, ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн. 15Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау, байдзаг уыдзысты сӕнӕй. 16Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.
17О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ!
Currently Selected:
Захариа 9: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: