YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 8

8
1Йесо хохӕй дӕлӕмӕ куы ӕрцыд, уӕд Йӕ фӕдыл ацыди бирӕ адӕм. 2Иу хъотырджын Ӕм ӕрбацыд, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Хицау, ӕрмӕст Дӕ бафӕндӕд, ӕндӕр мӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕ». 3Йесо йӕм Йӕ къух бадаргъ кодта, бандзӕвыд ыл ӕмӕ загъта: «Фӕнды Мӕ. Сдзӕбӕх у». Ӕмӕ уыйадыл уый ссыгъдӕг ис йӕ хъотырӕй. 4Йесо йын загъта: «Хъусыс, ацы хабар макӕмӕн радзур, фӕлӕ ацу, дӕхи фенын кӕн сауджынӕн ӕмӕ, Моисей куыд бафӕдзӕхста, афтӕ ӕрхӕсс нывонд — кӕй сдзӕбӕх дӕ, уымӕн ӕвдисӕйнагӕн».
5Йесо Капернауммӕ куы ӕрцыди, уӕд Ӕм сӕдӕйыхицау бацыди ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: 6«Хицау, мӕ лӕггадгӕнӕг хӕдзары хуыссы: ӕндзыгниз ӕй ӕрцахста, ӕмӕ тынг удхар кӕны». 7Йесо йын загъта: «Ӕз бацӕудзынӕн ӕмӕ йӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». 8Сӕдӕйыхицау Ын афтӕ: «Хицау, ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ Ды мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Фӕлӕ ӕрмӕст Дӕ дзыхӕй ныхас рацӕуӕд, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн. 9Уымӕн ӕмӕ ӕз дӕр кӕйдӕр дӕлбар дӕн, ӕмӕ мӕ дӕлбар дӕр ис ӕфсӕддонтӕ. Иуӕн дзы фӕзӕгъын: „Ацу уырдӕм“, ӕмӕ ацӕуы; иннӕмӕн: „Ардӕм рацу“, ӕмӕ ӕрбацӕуы; мӕ цагъарӕн фӕзӕгъын: „Уый бакӕн“, ӕмӕ йӕ бакӕны». 10Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд, Йӕ фӕдыл чи цыди, уыдонӕн, дисгӕнгӕйӕ, загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: суанг Израилы дӕр Ӕз ахӕм уырнындзинад никӕмӕ федтон. 11Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты. 12Паддзахад нысангонд кӕмӕн уыд, уыдон та ӕппӕрст ӕрцӕудзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ; ӕмӕ уырдыгӕй хъуысдзӕни сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс».
13Йесо сӕдӕйыхицауӕн загъта: «Ацу, ӕмӕ дӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ сӕххӕст уӕд дӕ фӕндон». Ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнӕг уыцы сахат сдзӕбӕх ис.
14Йесо Петры хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд ын йӕ усы мады баййӕфта тӕвднизӕй сӕйгӕйӕ. 15Йесо йын бавнӕлдта йӕ къухмӕ, ӕмӕ сылгоймагӕн йӕ тӕвд ӕрхауди; сыстад ӕмӕ Йын лӕггад кӕнын райдыдта.
16Куы баизӕр ис, уӕд Ӕм ӕрхуыдтой бирӕ хӕйрӕджджынты, ӕмӕ Йесо Йӕ ныхасӕй фӕсырдта ӕнӕзӕгъинӕгты ӕмӕ ӕппӕт рынчынты дӕр сдзӕбӕх кодта.
17Афтӕмӕй хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, пехуымпар Исайа цы загъта, уый: «Уый нын райста нӕ рынтӕ ӕмӕ нын ахаста нӕ низтӕ».
18Йесо Йӕ алыварс бирӕ адӕм куы федта, уӕд загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, цӕмӕй Йемӕ ахизой денджызы фаллаг фарсмӕ. 19Уӕд Ӕм иу динамонӕг бацыд ӕмӕ Йын загъта: «Ахуыргӕнӕг, Ды кӕдӕмфӕнды куы цӕуай — ӕз дӕр ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл». 20Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй». 21Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын ӕндӕр загъта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз». 22Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Мӕ фӕдыл рацу, мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты».
23Йесо бӕлӕгъмӕ бахызт, ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр бахызтысты Йӕ фӕдыл. 24Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди. 25Уӕд Ӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты, райхъал Ӕй кодтой ӕмӕ Йын загътой: «Хицау, фервӕзын нӕ кӕн, сӕфӕм!» 26Йесо сын дзуапп радта: «Афтӕ тӕппуд цӕмӕн стут, лӕмӕгъуырнджытӕ?» Сыстади, уад ӕмӕ денджызӕн бардзырд радта, ӕмӕ бӕстӕ ныссабыр ис. 27Иууылдӕр дисы бафтыдысты, ӕмӕ дзырдтой: «Уый Чи у, уад ӕмӕ денджыз Кӕй коммӕ кӕсынц?»
28Йесо денджызы иннӕ былмӕ, Гадарӕйы бӕстӕм, куы бахӕццӕ ис, уӕд зӕппӕдзтӕй Йӕ размӕ рахызти дыууӕ хӕйрӕджджыны. Уыдон афтӕ знӕт уыдысты, ӕмӕ уыцы фӕндагыл рацӕуынмӕ йӕ ныфс ничи хаста. 29Хӕйрӕджджынтӕ хъӕр систой: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Хуыцауы Фырт? Ды ардӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй нӕ ӕмгъуыдӕй раздӕр хъизӕмарӕй марай?»
30Дӕрддзӕф ран хызти хуыты стыр дзуг, 31ӕмӕ дӕлимонтӕ лӕгъстӕ кӕнын райдыдтой: «Кӕд нӕ сургӕ кӕныс, уӕд нӕ уӕртӕ уыцы хуыты дзугмӕ бауадз». 32Йесо сын загъта: «Ацӕут». Уыдон адӕмы ныууагътой ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уӕд дзуг ӕмхуызонӕй къардиуы былӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фесӕфти доны. 33Хуыгӕстӕ удаистӕй азгъордтой, сахармӕ бацыдысты ӕмӕ алцыдӕр радзырдтой, хӕйрӕджджынты хабар дӕр ракодтой. 34Сахары цӕрджытӕ иууылдӕр рацыдысты Йесойы размӕ. Куы Йӕ федтой, уӕд Ӕм ӕрхатыдысты, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.

Currently Selected:

Матфей 8: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in