Матфей 7
7
1Иннӕтӕн тӕрхонгӕнӕг ма ут, ӕмӕ уын Хуыцау дӕр не стӕрхон кӕндзӕн, 2уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр. 3Де ’фсымӕры цӕсты ӕрдумӕ цы кӕсыс, дӕхи цӕсты къала бӕлас куы нӕ фиппайыс, уӕд? 4Куыд хъуамӕ зӕгъай де ’фсымӕрӕн: «Ӕри-ма, дӕ цӕстӕй дын ӕрду райсон», кӕд дӕхи цӕсты къала бӕлас ис, уӕд? 5Дыдзӕсгом! Дӕхи цӕстӕй уал къала бӕлас сис, стӕй базондзынӕ, де ’фсымӕры цӕстӕй ӕрду куыд райсын хъӕуы, уый дӕр.
6Уаз цы у, уый куыйтӕн ма ӕппарут ӕмӕ уӕ дзындзытӕ хуыты размӕ ма калут, науӕд сӕ хуытӕ сӕ къӕхты бын ныссӕнддзысты, куыйтӕ та уыл сӕхи ныццӕвдзысты ӕмӕ уӕ аскъуыдтӕ кӕндзысты.
7Курут ӕмӕ уын ратдзысты, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут, ӕмӕ уын байгом кӕндзысты. 8Уымӕн ӕмӕ, чи куры, уымӕн раттынц, чи агуры, уый ссары ӕмӕ, чи хойы, уымӕн дуар байгом вӕййы. 9Уе ’хсӕн ахӕм исчи ис, йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта? 10Кӕнӕ дзы кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕни? 11Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд уӕ Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни фарн, чи Дзы куры, уыдонӕн! 12Уӕдӕ, адӕммӕ цӕмӕдӕриддӕр ӕнхъӕлмӕ кӕсут, уый сын аразут уӕхӕдӕг дӕр. Ацы ныхӕсты ис Моисейы Ӕгъдауы ӕмӕ пехуымпарты ахуырады мидис.
13Бахизут нарӕг кулдуарыл, уымӕн ӕмӕ фӕтӕн кулдуар ӕмӕ сӕфты уӕрӕх фӕндагыл бирӕ цӕуджытӕ ис. 14Уынгӕг у, цардмӕ чи кӕны, уыцы кулдуар ӕмӕ нарӕг у фӕндаг; чи сӕ ссары, уыдон бирӕ не сты.
15Уӕхи хизут, фысдзармы уӕм чи ӕрцӕуы, афтӕмӕй та тугдзых бирӕгъ чи у, уыцы мӕнгпехуымпартӕй. 16Сӕ хъуыддӕгтӕй сӕ базондзыстут. Сындзы къутӕрӕй, мыййаг, сӕнӕфсир ӕртонынц кӕнӕ ичъийӕ — легъуи? 17Уӕдӕ афтӕ: хорз бӕласыл хорз дыргътӕ ӕрзайы, низджын бӕласыл та — ӕвзӕр. 18Хорз бӕлас ӕвзӕр дыргъ нӕ ратдзӕн, низджын бӕлас та — хорз дыргъ. 19Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ арты баппарынц. 20Уӕдӕ уыцы адӕмы дӕр сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут.
21Мӕнмӕ «Хицау! Хицау!» чи дзуры, уыдонӕй алчи Уӕларвон Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕни, фӕлӕ ӕрмӕстдӕр, Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уый. 22Бирӕтӕ Мын уыцы бон дзурдзысты: «Хицау, Хицау, мах Дӕ номӕй пехуымпариуӕг нӕ кодтам? Дӕ номӕй дӕлимонты нӕ сырдтам? Бирӕ диссӕгтӕ не ’вдыстам Дӕ номӕй?» 23Ӕмӕ сын Ӕз уӕд дзуапп ратдзынӕн: «Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, фыдгӕнджытӕ!»
24Уӕдӕ Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар дурыл чи самадта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн. 25Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади, ӕмӕ ахӕцыдысты уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ не ’ркалди, уымӕн ӕмӕ дурыл ӕвӕрд уыди. 26Мӕ ацы ныхӕстӕм чидӕриддӕр хъусы ӕмӕ сӕ не ’ххӕст кӕны, уый та у, йӕ хӕдзар змисыл чи самадта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн. 27Уарын фемӕхсти, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстади ӕмӕ сӕхи уыцы хӕдзарыл ӕмцӕф ныккодтой. Хӕдзар ныккалд ӕмӕ дурты кӕри фестад.
28Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд адӕмы дисы бафтыдта Йӕ ахуырад, 29уымӕн ӕмӕ сын Уый сӕ динамонджытау нӕ амыдта, фӕлӕ кодта барджын ныхас.
Currently Selected:
Матфей 7: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: