YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 9

9
1Уӕд Йесо сбадти бӕлӕгъы, ахызти фаллаг фарсмӕ ӕмӕ Йӕ райгуырӕн сахармӕ ӕрбацыд. 2Хуыссӕныл Ӕм ӕрбахастой ӕндзыгнизӕй хъыгдарды. Йесо сын федта сӕ уырнындзинад ӕмӕ рынчынӕн загъта: «Ма тӕрс, Мӕ хъӕбул, хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ». 3Уӕд динамонджытӕй чидӕртӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Ай мӕнӕ Хуыцауы куы фауы!» 4Йесо сын зыдта сӕ хъуыдытӕ ӕмӕ загъта: «Ахӕм ӕвзӕр хъуыдытӕ уӕм цӕмӕн сӕвзӕрд? 5Цы ӕнцондӕр у зӕгъын: „Хатыр дын сты дӕ тӕригъӕдтӕ“ ӕви: „Рабад ӕмӕ райдай цӕуын“? 6Фӕлӕ сымах хъуамӕ зонат: Адӕймаджы Фыртӕн ахӕм бар ис, цӕмӕй зӕххыл тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна». Ӕмӕ ӕндзыгнизӕй хъыгдардӕн загъта: «Рабад, сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ ацу уӕхимӕ». 7Уый рабадт ӕмӕ йӕ хӕдзармӕ ацыди. 8Адӕм уый куы федтой, уӕд сӕ тас бацыд ӕмӕ кад кодтой ахӕм хъару адӕмӕн раттӕг Хуыцауӕн.
9Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди. 10Йесо Матфейы хӕдзары фынджы уӕлхъус куы бадти, уӕд уырдӕм ӕрбацыди бирӕ хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ, ӕмӕ Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ иу фынгыл ӕрбадтысты. 11Фарисейтӕ уый куы федтой, уӕд Ын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзырдтой: «Уӕ Ахуыргӕнӕг хъалонисджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтимӕ иу фынгыл цӕмӕн бады?» 12Йесо уый куы фехъуыста, уӕд сын загъта: «Дохтыр ӕнӕнизты нӕ, фӕлӕ рынчынты хъӕуы. 13Ацӕут ӕмӕ базонут, мӕнӕ ацы ныхӕстӕ цы амонынц, уый: „Нывонд Мӕ нӕ хъӕуы, фӕлӕ уарзӕгой зӕрдӕ“. Ӕз ӕрцыдтӕн рӕстгӕнджытӕм нӕ, фӕлӕ тӕригъӕдджынтӕм фӕсидынмӕ».
14Уӕд Ӕм бацыдысты Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йын загътой: «Мах ӕмӕ фарисейтӕ ком арӕх куы дарӕм, уӕд Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цӕуылнӕ дарынц ком?» 15Йесо сын загъта: «Цалынмӕ сиахсаг семӕ уа, уӕдмӕ чындзӕхсӕвы хуынд адӕм, мыййаг, ӕнкъард кӕндзысты? Фӕлӕ ралӕудзӕни ахӕм бон, ӕмӕ сиахсаг се ’хсӕнӕй тыхист куы ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уӕд дардзысты ком. 16Зӕронд дарӕсыл ног хъуымацӕй ӕмпъузӕн ничи ӕвӕры, уымӕн ӕмӕ йӕ лӕзӕрд хъуымац нӕ бауромдзӕн, ӕмӕ скъуыд ноджы фестырдӕр уыдзӕни. 17Ногдыгъд сӕн дӕр уӕдӕ зӕронд лалымы ничи ныккӕны, науӕд лалымтӕ дӕр аскъуыйдзысты ӕмӕ сӕн дӕр акӕлдзӕни. Ногдыгъд сӕн ныккӕнынц ног лалымты, ӕмӕ уӕд сӕ дыууӕ дӕр ӕнӕхъӕнӕй баззайдзысты».
18Йесо сын уыдӕттӕ куы дзырдта, уӕд Ӕм ӕрбацыди хицӕуттӕй иу, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йын загъта: «Ныртӕккӕ амарди мӕ чызг, фӕлӕ цом, Дӕ къух ыл ӕрӕвӕр, ӕмӕ райгас уыдзӕни». 19Йесо сыстад ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ацыди йӕ фӕдыл.
20Уым уыди, дыууадӕс азы дӕргъы йӕ туг цӕуынӕй кӕмӕн не ’нцад, иу ахӕм сылгоймаг. Фӕстӕрдыгӕй Йӕм бацыд ӕмӕ Йын андзӕвыд Йӕ пӕлӕзы кӕроныл, 21уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». 22Йесо акасти фӕстӕмӕ, федта йӕ ӕмӕ загъта: «Ма тӕрс, Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Ӕмӕ сылгоймаг уайсахат сдзӕбӕх ис.
23Йесо уыцы хицауы хӕдзармӕ куы бацыд, уадындзӕй цӕгъдджыты ӕмӕ тыхст адӕмы куы федта, 24уӕд загъта: «Ацӕут ардыгӕй; чызг мард нӕу, фынӕй у». Ӕмӕ Йыл худтысты. 25Адӕмы ӕддӕмӕ куы рарвыстой, уӕд Йесо бацыди, чызджы къухыл рахӕцыд, ӕмӕ чызг рабадти. 26Хабар айхъуыст ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл.
27Йесо уырдыгӕй куы рараст ис, уӕд дыууӕ куырмы рацыдысты Йӕ фӕдыл ӕмӕ хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Давиды Фырт!» 28Хӕдзармӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд Ӕм уыцы дыууӕ куырмы бацыдысты, ӕмӕ сӕ Йесо бафарста: «Мӕ бон уӕ сдзӕбӕх кӕнын кӕй у, уый уӕ уырны?» Уыдон Ын загътой: «О, Хицау!» 29Уӕд сын бавнӕлдта сӕ цӕстытӕм ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ уын уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ рардӕуӕд». 30Ӕмӕ сӕ цӕстытӕй ракастысты. Йесо сын карзӕй бафӕдзӕхста: «Хъусут, уый тыххӕй мачи хъуамӕ базона». 31Уыдон та ацыдысты ӕмӕ Йын ӕппӕт уыцы бӕстӕйыл айхъуысын кодтой Йӕ кой.
32Уыдон куы рацӕйцыдысты, уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой къуытты хӕйрӕджджыны. 33Ӕмӕ Йесо дӕлимоны куы фӕсырдта, уӕд къуытты сдзырдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хъуыддаг Израилы никуыма ӕрцыди». 34Фарисейтӕ та дзырдтой: «Уый дӕлимонты суры дӕлимонты ӕлдары хъаруйӕ».
35Йесо зылди ӕппӕт сахартӕ ӕмӕ хъӕутыл, адӕмӕн амыдта синагогӕты, хъусын кодта Фарны Уац Уӕларвон Паддзахады тыххӕй, рынчынтӕ ӕмӕ нӕфӕразгӕты иууылдӕр дзӕбӕх кодта. 36Бирӕ адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, ӕнӕфыййау фыстау фӕлмӕцыд ӕмӕ ӕвӕгӕсӕг кӕй уыдысты, уый тыххӕй. 37Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ кусджытӕ нӕ фаг кӕны. 38Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита».

Currently Selected:

Матфей 9: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in