Йеремиа 31:31-32
Йеремиа 31:31-32 ОССБ
Ахӕм рӕстӕг ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ сараздзынӕн Ног Фидыд. Сӕ фыдӕлты сын, сӕ къухтыл хӕцгӕйӕ, Мысырӕй куы ракодтон, уӕд семӕ кӕй сарӕзтон, ахӕм фидыд нӕ. Кӕд Ӕз сӕ Хицау уыдтӕн, уӕддӕр уыдон уыцы фидыд фехӕлдтой, — зӕгъы Дунедарӕг.





