Аггей 1
1
1Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.
2-3Дунедарӕг пехуымпар Аггейӕн загъта:
— Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: «Ацы адӕм дзурынц, Дунедарӕджы хӕдзар аразынӕн афон нӕма у, зӕгъгӕ. 4Ӕмӕ сымахӕн та уӕ хорз хӕдзӕртты цӕрын афон у, ацы хӕдзар заууатмӕ куы ’рцыди, уӕд?»
5Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы:
— Ӕркӕсут-ма, куыд цӕрут, уымӕ: 6сымах бирӕ байтаут, фӕлӕ тыллӕг чысыл сисут; хӕрут, фӕлӕ не ’фсӕдут; дон нуазут, фӕлӕ уӕ дойны нӕ сӕтты; уӕ уӕлӕ дзаума скӕнут, фӕлӕ уын хъармы хос нӕу; кусут, фӕлӕ уӕ чыссӕтӕ хуынчъытӕ сты.
7Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы:
— Ӕркӕсут уӕ цардмӕ. 8Хӕхтӕм ацӕут, самал кӕнут хъӕдӕрмӕг ӕмӕ Кувӕндон саразут, Ӕз ын хӕрзаудӕн кӕндзынӕн ӕмӕ скадджын уыдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.
9Бирӕ цӕмӕдӕрты ӕнхъӕлмӕ кастыстут, фӕлӕ уӕ къухы чысыл йеддӕмӕ нӕ бафтыд. Уӕ хӕдзармӕ цы ’рбахастат, уый уын Ӕз дымгӕмӕ ныддардтон. Цӕмӕн? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Мӕ Хӕдзар заууатмӕ кӕй ӕрцыди, сымахӕй та алчидӕр ӕрмӕст йӕхи хӕдзары мӕт кӕй кӕны, уымӕн. 10Арв дӕр уын йӕ доны ’ртах уымӕн нал радта, ӕмӕ уӕ зӕххыл тыллӕг нал ӕрзад. 11Ӕз хус рӕстӕг ӕруагътон уӕ быдыртӕ ӕмӕ уӕ хӕхтыл, уӕ хор, уӕ сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ оливӕ бӕлӕстыл, адӕм ӕмӕ фосыл, уӕ алы къухвӕллойыл.
12Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ адӕм иууылдӕр сӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ ӕмӕ пехуымпар Аггейы ныхӕстӕм байхъуыстой, уымӕн ӕмӕ йӕ рарвыста Дунедарӕг, сӕ Хуыцау. Адӕмы тас бацыди Дунедарӕджы раз.
13Аггей, Дунедарӕджы фидиуӕг, адӕмӕн фехъусын кодта Дунедарӕджы уац: «Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Дунедарӕг».
14Дунедарӕг сразӕнгард кодта Шеалтиелы фырт Зоровавелы — Иудейы бӕстыхицауы, алчер Йешуайы — Иоцадакы фырты, стӕй иннӕ адӕмы се ’ппӕты дӕр, ӕмӕ райдыдтой кусын Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, Кувӕндоны. 15Уый уыди, паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, ӕхсӕзӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон.
Currently Selected:
Аггей 1: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.