Софониа 3
3
1Додой йӕ къона, чи фӕчъизи ис, уыцы змӕнтӕг ӕмӕ тыхгӕнӕг сахарӕн! 2Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы. 3Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц. 4Йӕ пехуымпартӕ — ницӕйаг ӕмӕ мӕнгард, йӕ сауджынтӕ, уаз цы у, уыдӕттӕ фӕчъизи кодтой, Хуыцауы Ӕгъдау сӕ къӕхты бын ныссӕстой.
5Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.
6Дунедарӕг зӕгъы:
— Ӕз ныццагътон адӕмты, сӕ фидӕрттӕ сын ныппырх кодтон, сӕ уынгты сын цъиуызмӕлӕг нал ныууагътон, сӕ сахартӕ сын хӕлӕттаг фӕкодтон, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад. 7Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.
8Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн. 9Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной. 10Суанг Мын Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕтӕ ис, уырдыгӕй дӕр, Мӕнӕн кад чи кӕны, уыдон — хауӕццаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕм — ӕрбахӕсдзысты хуынтӕ.
11Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ. 12Дӕ зӕххыл дын ныууадздзынӕн мӕгуыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы, уыдон сӕ зӕрдӕ дардзысты Дунедарӕджы номыл. 13Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.
14Зар, Сионы чызг! Дӕ цины хъӕр райхъуысӕд, Израил! Йерусалимы чызг, дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй! 15Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!
16Уыцы бон Йерусалимӕн загъдӕуыдзӕн: «Ма тӕрс!» Сионӕн зӕгъдзысты: «Фидар лӕуу!»
17Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.
18Бӕрӕгбӕттӕ чи мысы, уыдонӕн Ӕз фӕсурдзынӕн сӕ хъыгтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы уӕзӕй фервӕздзысты. 19Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.
20Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.
Currently Selected:
Софониа 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.