Аггей 2
2
1Ӕвдӕм мӕйы дыууын фыццӕгӕм бон Дунедарӕг раргом ис пехуымпар Аггеймӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас уыд:
2«Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй Иоцадакы фырт Йешуайӕн, алчерӕн, ӕмӕ адӕмӕн афтӕ зӕгъ: 3„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты? 4Фӕлӕ фидар лӕуу, Зоровавел! — зӕгъы Дунедарӕг. — Фидар лӕуу, алчер Йешуа, Иоцадакы фырт! Бӕстӕйы адӕм, фидар лӕуут уе ’ппӕт дӕр ӕмӕ уӕ куыст кӕнут, уымӕн ӕмӕ Ӕз уемӕ дӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — 5Мысырӕй куы рацыдыстут, уӕд уемӕ кӕй сарӕзтон, уыцы фидыдмӕ гӕсгӕ. Мӕ Уд уе ’хсӕн ис. Ма тӕрсут!“
6Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: рӕхджы Ӕз ноджы ма иу хатт нынкъусдзынӕн арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ сурзӕхх. 7Ӕз ӕппӕт адӕмты ныууигъдзынӕн, ӕмӕ сӕ хӕзнатӕ иууылдӕр ардӕм ӕрбакӕлдзысты, ацы Хӕдзар байдзаг кӕндзынӕн кадӕй. 8Ӕвзист дӕр ӕмӕ сыгъзӕрин дӕр Мӕн сты, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
9Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»
10Дарийы паддзахдзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, Дунедарӕг пехуымпар Аггеймӕ раргом ис: 11«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: бафӕрс-ма сауджынты мӕнӕ ахӕм хабарӕй. 12Зӕгъӕм, исчи кувӕггаг дзидза йӕ фӕччийы фӕхӕссы, ӕмӕ дзул, хъӕрмхуыпп, сӕн, сой кӕнӕ ӕндӕр исты хӕринагыл йӕ фӕччийӕ андзӕвыд, уӕд уыцы хӕринаг дӕр уаз суыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Нӕ, не суыдзӕн».
13Уӕд та сӕ Аггей бафарста: «Мардыл бандзӕвынӕй чи фӕчъизи ис, ахӕм адӕймаг уыдонӕй истӕуыл куы андзӕва, уӕд та хӕринаг фӕчъизи уыдзӕн?» Сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «О, фӕчъизи уыдзӕн».
14Ӕмӕ сын уӕд Аггей загъта: «Уӕдӕ ацы адӕм дӕр фӕчъизи сты Мӕ цӕсты, — зӕгъы Дунедарӕг, — стӕй се ’ппӕт хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, семӕ цы ’рбахӕссынц, уыдон дӕр.
15Кӕсут-иу, амӕй фӕстӕмӕ цы уыдзӕни, уымӕ.
Дунедарӕджы Кувӕндоны дур дурыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыди, 16уӕд уӕ хъуыддӕгтӕ куыд цыдысты? Ссӕдз бӕрцуаты кӕм уыди, уыцы кӕримӕ-иу куы бацыдыстут, уӕд-иу дзы разынди дӕс; сӕндуцӕнмӕ-иу куы бацыдыстут, дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз бӕрцуаты сӕн сӕвгӕнон, зӕгъгӕ, уӕд-иу дзы разынди ссӕдз. 17Ӕз-иу уын уӕ къухты фӕллӕйттыл хус дымгӕ рауагътон, хъуына-иу сыл схӕцын кодтон, ихӕй-иу сӕ ныххостон, фӕлӕ Мӕм сымах уӕддӕр уе ’ргом не здӕхтат, — зӕгъы Дунедарӕг.
18Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг! 19Уӕ хордӕтты ма хоры мыггаг баззади? Сӕнӕфсиры талатӕ, гранат, легъуи ӕмӕ оливӕ бӕлӕстӕ абоны онг дыргъ нӕма радтой. Фӕлӕ сыл нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз Мӕ арфӕ уадздзынӕн».
20Фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон Дунедарӕг дыккаг хатт Аггейӕн Йӕ ныхас фехъусын кодта:
21— Зӕгъ Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн: Ӕз арв ӕмӕ зӕхх нынкъуысын кӕндзынӕн, 22паддзӕхтӕн сӕ паддзахы бадӕнтӕ дӕлӕмӕ раппардзынӕн, ӕцӕгӕлӕтты паддзахӕдтӕн сӕ хъару басӕтдзынӕн, хӕстон уӕрдӕттӕ ӕд хӕстонтӕ сфӕлдахдзынӕн, бӕхтӕ ӕмӕ сӕ барджытӕ цагъды фӕуыдзысты, кӕрдтӕ кӕрӕдзимӕ сисдзысты бӕхджынтӕ. 23Ӕмӕ уыцы бон ды, Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иудейы бӕстыхицау, Мӕ лӕггадгӕнӕг, Мӕнӕн суыдзынӕ Мӕ мыхуырӕвӕрӕн къухдарӕны хуызӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз сӕвзӕрстон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
Currently Selected:
Аггей 2: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.