Рацыд 10
10
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Бацу фараонмӕ. Мӕ фӕндӕй фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты зӕрдӕтӕ ныддур сты. Ӕз сын афтӕ уымӕн бакодтон, цӕмӕй сыл Мӕ диссӕгтӕ бавзарон. 2Цӕмӕй дзурат уӕ фырттӕ ӕмӕ уыдоны фырттӕн, Ӕз Мысырӕн цытӕ бакодтон, цы диссӕгтӕ дзы равдыстон, уый. Цӕмӕй зонат, Дунедарӕг Чи у, уый». 3Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, дзуттӕгты Хуыцау: „Бирӕ ма Мын нӕ уисӕн кӕндзынӕ? Ауадз Мын Мӕ адӕмы, ӕмӕ Мӕм бакувой. 4Куынӕ сӕ ауадзай, уӕд дын тӕккӕ райсом дӕ бӕстӕ мӕтыхты хай бакӕндзынӕн. 5Уый бӕрц уыдзысты, ӕмӕ ӕрӕмбӕрздзысты зӕххы уӕлцъар, зӕхх сӕ бынӕй зынгӕ дӕр нал кӕндзӕн. Ихуарды фӕстӕ ма йыл зайӕгойӕ цы аззад, уыдонӕй ницыуал фӕуадздзысты, уӕ бӕлӕстӕ дӕр ма уын ахсындзысты. 6Мӕтыхтӕй байдзаг уыдзысты дӕ галуан, дӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ ӕппӕт мысырӕгты хӕдзӕрттӕ. Уӕ фыдӕлтӕ ацы зӕххыл куы ӕрцардысты, уӕдӕй нырмӕ ахӕм бӕллӕх никуыма фендӕуыд“». Моисей йӕ ныхас фӕцис ӕмӕ фараоны галуанӕй рацыд.
7Фараонӕн йӕ дӕлдӕртӕ загътой: «Ацы лӕг ма нӕ бирӕ тухӕнӕй мардзӕн? Ауадз сӕ, ӕмӕ скувой Дунедарӕгмӕ, сӕ Хуыцаумӕ. Ау, Мысыр сӕфтмӕ кӕй ӕрцыд, уый нӕ уыныс?» 8Уӕд Моисей ӕмӕ Аароны фӕстӕмӕ раздӕхтой, ӕмӕ сын фараон загъта: «Ацӕут ӕмӕ бакувут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ. Чи уӕ ацӕудзӕн?» 9Моисей йын дзуапп радта: «Не ’ппӕт дӕр — стырӕй, чысылӕй — ацӕудзыстӕм, нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытимӕ, нӕ лыстӕг фос ӕмӕ не стуртимӕ. Афтӕ ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ уый махӕн Дунедарӕджы бӕрӕгбон у». 10Фараон загъта: «Ӕз сымах уӕ сабитимӕ куыд ауадздзынӕн, афтӕ уӕ Дунедарӕг дӕр хъахъхъӕнӕд! Бӕлвырд, цыдӕр фыдвӕнд скодтат! 11Фӕлӕ уын дзы ницы рауайдзӕн. Ацӕуӕнт ӕрмӕст уӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ бакувӕнт Дунедарӕгмӕ. Уый тыххӕй мӕм нӕ хатыдыстут?» Ӕмӕ Моисей ӕмӕ Аароны феддӕдуар кодтой.
12Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй февзид Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл мӕтыхтӕ ныццӕвдзысты сӕхи, бахӕрдзысты, ихы фӕстӕ ма йыл цы зайӕгойтӕ аззад, уыдон». 13Моисей йӕ лӕдзӕгӕй февзыста Мысыры зӕхмӕ, ӕмӕ йыл Дунедарӕг скӕсӕйнаг дымгӕ рауагъта. Дымгӕ ӕгас бон ӕмӕ ӕгас ӕхсӕв фӕдымдта, ӕмӕ райсомӕй скӕсӕнӕй йемӕ мӕтыхтӕ ӕрбахаста. 14Мӕтыхтӕ сӕхи андзӕрстой Мысыры зӕххыл ӕмӕ бӕстӕ ӕнӕхъӕнӕй бацахстой. Уый бӕрц мӕтыхтӕ уӕды онг дӕр нӕ фендӕуыд ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ фендӕуыдзӕн. 15Ӕрӕмбӕрзтой ӕгас зӕххы уӕлцъар, сау хӕрв ыл ӕрӕвӕрдтой. Бахордтой, их кӕй нӕ бахъыгдардта, уыцы зайӕгойтӕ ӕмӕ дыргътӕ. Иунӕг цъӕх тихалӕг нал фӕуагътой Мысыры зӕххыл, иунӕг цъӕх сыфтӕр — бӕлӕстыл.
16Фараон тагъд фӕдзурын кодта Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Азымджын дӕн Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз ӕмӕ сымах раз. 17Ныббарут-ма мын ацы хатт ӕмӕ балӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, цӕмӕй нӕ ацы бӕллӕхӕй фервӕзын кӕна».
18Моисей рацыди фараоны галуанӕй ӕмӕ скуывта Дунедарӕгмӕ. 19Дунедарӕг ныгуылӕнӕрдыгӕй рауагъта уаддымгӕ. Уаддымгӕ мӕтыхты фелвӕста ӕмӕ сӕ Сырх денджызы баппӕрста. Иу дӕр сӕ нал аззад Мысыры зӕххыл. 20Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та нӕ рауагъта израилӕгты.
21Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Арвмӕ дӕ къухтӕ сдар, ӕмӕ Мысыры бӕстӕ ахӕм саудалынджы аныгъуылдзӕн, ӕмӕ адӕм, уырзӕй сгаргӕ, куырмӕджы цӕудзысты». 22Моисей йӕ къухтӕ сдардта арвмӕ, ӕмӕ Мысыры ӕртӕ боны хуры цӕст нал разынд. 23Мысырӕгтӕ нӕ уыдтой кӕрӕдзи, ӕртӕ боны дӕргъы сӕ хӕдзӕрттӕй ӕддӕмӕ дӕр нӕ рацыдысты. Ӕрмӕст, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым уыди рухс. 24Фараон Моисеймӕ басидт ӕмӕ йын афтӕ: «Ацӕут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувут. Уӕ сабитӕ дӕр ацӕуӕнт уемӕ, фӕлӕ уӕ лыстӕг фос ӕмӕ уе стуртӕ ам уадзут». 25Моисей йын загъта: «Нӕ фос нын немӕ куынӕ рауадзай, уӕд куыд ӕрхӕсдзыстӕм мах Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывӕндтӕ ӕмӕ иууылсудзинӕгтӕ? 26Нӕ фос иу сӕры онг иууылдӕр хъуамӕ немӕ уой. Уыдонӕй хъуамӕ равзарӕм нывондӕгтӕ Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн. Цалынмӕ бынатыл сӕмбӕлӕм, уӕдмӕ та йӕ нӕ зонӕм, нывондӕн дзы кӕцы ӕрхӕссын ӕмбӕлы, уый».
27Фӕлӕ Дунедарӕджы фӕндӕй ныддур ис фараоны зӕрдӕ, ӕмӕ та йӕ нӕ бафӕндыд адӕмы ауадзын. 28Моисейӕн загъта: «Цӕугӕ ардыгӕй ӕмӕ ме ’мгӕрон дӕр мауал фӕзын! Куыддӕр ма дӕ фенон — амӕлдзынӕ». 29Моисей йын загъта: «Куыддӕриддӕр загътай, афтӕ уыдзӕн. Амӕй фӕстӕмӕ дӕ нал фендзынӕн».
Currently Selected:
Рацыд 10: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.