Мӕнӕ ис, Израилы байзӕддӕгтимӕ уыцы заманы фӕстӕ цы Фидыд сараздзынӕн, уый, — зӕгъы Дунедарӕг: Ме ’Гъдау сын сӕ сӕрызонды бавӕрдзынӕн, сӕ зӕрдӕтыл сын ӕй ныффысдзынӕн. Ӕз уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та — Мӕ адӕм. Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.