«Фараон уӕ, диссаг равдисут, зӕгъгӕ, куы дома, уӕд-иу Ааронӕн йӕ лӕдзӕг фараоны раз аппарын кӕн, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестдзӕн». Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ, Дунедарӕг сын куыд загъта, афтӕ бакодтой. Аарон йӕ лӕдзӕг фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕрты раз аппӕрста, ӕмӕ лӕдзӕг калм фестад.