Ӕхсӕз боны кус, дӕ алы хъуыддаг кӕн. Ӕвдӕм бон та — сабат; уый Дунедарӕджы у, дӕ Хуыцауы. Мацы куыст кӕн: ды дӕр, дӕ фырт дӕр, дӕ чызг дӕр, дӕ цагъар дӕр (нӕлгоймаг уа ӕви сылгоймаг), дӕ гал, дӕ хӕрӕг, дӕ алы фос дӕр, дӕ фарсмӕ цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг дӕр. Дӕуау сӕ фӕллад суадзӕнт дӕ цагъартӕ дӕр сылгоймагӕй, нӕлгоймагӕй.