Уый уын уыцы фӕдзӕхстытӕ, фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, афтӕ кӕмӕй загъта, бацамон сын сӕ ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной, сӕхи бакӕнынмӕ цы бӕстӕм цӕуынц, уым. Тӕрсут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауӕй, ӕмӕ Йын цӕрӕнбонты ӕххӕст кӕнут, ӕз уын кӕй амонын, Йӕ уыцы уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ фӕдзӕхстытӕ, — уӕхӕдӕг дӕр, уӕ цот дӕр ӕмӕ уӕ цоты цот дӕр, цӕмӕй бирӕ фӕцӕрат.