1
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:29
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Уым райдайдзыстут агурын Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ӕмӕ Йӕ удуӕлдайӕ, зӕрдиагӕй куы ӕрцагурат, уӕд Ӕй ссардзыстут.
Compare
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:29
2
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:31
Уымӕн ӕмӕ бараг у Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Уый уӕ нӕ ныууадздзӕн ӕмӕ уӕ нӕ фесафдзӕн, нӕ ферох кӕндзӕн, уӕ фыдӕлтимӕ цы бадзырд сарӕзта ӕмӕ, ард бахӕргӕйӕ, кӕй сфидар кодта, уый.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:31
3
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:24
Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, пиллон арт у, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау!
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:24
4
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:9
Уӕдӕ афтӕ: дӕхимӕ кӕс, ӕмӕ дӕ рох ма уӕд, дӕхи цӕстӕй цы федтай, уыдӕттӕ, цӕмӕй цӕрӕнбонты дӕ зӕрдыл лӕууой ӕмӕ дзурай дӕ цотӕн ӕмӕ дӕ цоты цотӕн.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:9
5
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:39
Зонут уӕдӕ ӕмӕ уӕ зӕрдыл бадарут: Дунедарӕг у Хуыцау уӕлейӕ, арвыл, ӕмӕ бынӕй, зӕххыл, ӕмӕ Уый йеддӕмӕ Хуыцау нӕй.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:39
6
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:7
Уымӕн ӕмӕ ма кӕм ис дыккаг ахӕм стыр адӕм, йӕ хуыцӕуттӕ, махмӕ Дунедарӕг, нӕ Хуыцау, куы Йӕм скувӕм, уӕд куыд хӕстӕг вӕййы, афтӕ ӕввахс кӕмӕ сты?
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:7
7
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:30
Искуы уыл фидӕны уынгӕг рӕстӕг куы скӕна ӕмӕ ӕппӕт адӕттӕ куы бавзарат, уӕд раздӕхдзыстут Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ Йын фехъусдзыстут Йӕ хъӕлӕс.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:30
8
Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:2
Мӕ ныхӕстӕм ӕфтаугӕ дӕр мацы бакӕнут ӕмӕ дзы ӕппаргӕ дӕр мацы акӕнут. Ӕххӕст кӕнут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, фӕдзӕхстытӕ, ӕз уын кӕй хъусын кӕнын, уыдон.
Explore Фӕлхатгонд ӕгъдау 4:2
Home
Bible
Plans
Videos