Кӕд ӕппӕт уыдӕттӕ афтӕ ныппырх уыдзысты, уӕд сымах та цавӕр хъуамӕ уат? Сымах уӕ сыгъдӕг царды хъуамӕ ӕнувыд уат Хуыцауыл, ӕнхъӕлмӕ кӕсат ӕмӕ бӕллат Хуыцауы ӕрцыды бонмӕ. Уыцы бон арвыл сирвӕздзӕн арт ӕмӕ апырх уыдзӕн, цыдӕриддӕр ыл ис, уыдон фестдзысты цӕхӕр ӕмӕ батайдзысты.