Уыдон базыдтой раст фӕндаг, фӕлӕ ныууагътой, цы сыгъдӕг фӕдзӕхст сын лӕвӕрд ӕрцыд, уый. Уыцы раст фӕндаг куы нӕ базыдтаиккой, уӕд сын хуыздӕр уыдаид.
Фӕлӕ уыдоныл ӕрцыди ахӕм ӕмбисонд:
«Куыдз раздӕхы йӕ омдзӕгмӕ»
ӕмӕ:
«Хуы ӕхсад куы ’рцӕуа,
уӕд фӕстӕмӕ йӕхи цъыфы стулдзӕн».