1
1 Иоанн 1:9
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Мах нӕ тӕригъӕдтыл ӕргомӕй куы ӕрфӕсмон кӕнӕм, уӕд нын Уый, иузӕрдион ӕмӕ раст кӕй у, уымӕ гӕсгӕ ныббардзӕн нӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ нӕ ссыгъдӕг кӕндзӕн алы галиу хъуыддагӕй дӕр.
Compare
Explore 1 Иоанн 1:9
2
1 Иоанн 1:7
Хуыцау Йӕхӕдӕг рухсы куыд ис, кӕд мах дӕр афтӕ рухсы цӕрӕм, уӕд нын кӕрӕдзиимӕ ис иудзинад, ӕмӕ нӕ Йӕ Фырт Йесойы Туг сыгъдӕг кӕны алы тӕригъӕдӕй дӕр.
Explore 1 Иоанн 1:7
3
1 Иоанн 1:8
Кӕд мах афтӕ дзурӕм, тӕригъӕдджын не стӕм, зӕгъгӕ, уӕд нӕхи сайӕм, ӕмӕ ӕцӕгад нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
Explore 1 Иоанн 1:8
4
1 Иоанн 1:5-6
Ӕмӕ уын мӕнӕ мах хъусын кӕнӕм, Уымӕй цы уац фехъуыстам, уый: Хуыцау у рухс ӕмӕ Йӕм мисхалы бӕрц дӕр талынг нӕй. Кӕд мах дзурӕм, Йемӕ нын иудзинад ис, зӕгъгӕ, уӕвгӕ та талынджы цӕрӕм, уӕд сайгӕ кӕнӕм, ӕмӕ нӕ цард ӕцӕгадмӕ гӕсгӕ нӕу.
Explore 1 Иоанн 1:5-6
5
1 Иоанн 1:10
Кӕд афтӕ дзурӕм, тӕригъӕды не ’фтӕм, зӕгъгӕ, уӕд Ӕй мах ӕвдисӕм сайӕгойӕ, ӕмӕ Йӕ ныхас нӕ зӕрдӕты нӕ цӕры.
Explore 1 Иоанн 1:10
Home
Bible
Plans
Videos