Хуыцауы хъаруйӕ нын ис, Хуыцаумӕ кувӕджы цӕрынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый, уымӕн ӕмӕ мах базыдтам Йӕ кад ӕмӕ нӕм Йӕ хорзӕхӕй Ӕрхонӕджы. Афтӕмӕй махӕн, аргъ дӕр кӕмӕн нӕй, ахӕм хорзӕхтӕй зӕрдӕ бавӕрдӕуыд, цӕмӕй уый фӕрцы сымах Хуыцауы ӕрдзыхъӕдӕй схайджын уат ӕмӕ ацы дунейы тӕригъӕдджын монцты аххосӕй ма фесӕфат.