Захариа 8
8
1Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта:
2Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: «Сионмӕ Мӕ зӕрдӕ ’хсайы, Мӕ зӕрдӕхсайд пиллон артау судзы.
3Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Ме ’ргом раздахдзынӕн Сионмӕ, ӕрцӕрдзынӕн Йерусалимы, схондзысты йӕ рӕстдзинады сахар, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы хох та — уаз хох.
4Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: зӕронд лӕгтӕ ӕмӕ зӕронд устытӕ ногӕй сӕ лӕдзджыты ’нцой Йерусалимы фӕзты баддзысты; 5сахары уынгтӕ байдзаг уыдзысты лӕппутӕ ӕмӕ чызджытӕй, уынгты хъаздзысты.
6Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдон абон ацы ныхӕстӕ, ӕрцӕуӕн кӕмӕн нӕй, ахӕм хъуыддагыл нымайынц, фӕлӕ Мӕнӕн Мӕ бон саразын цы нӕу? — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.
7Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн Мӕ адӕмы скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны бӕстӕтӕй, 8ӕрбакӕндзынӕн сӕ, ӕмӕ цӕрдзысты Йерусалимы. Уыдон уыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та сын уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ раст Хуыцау.
9Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы:
Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн Йӕ Кувӕндоны бындур ӕвӕрд цы бон ӕрцыд, аразын ӕй куы райдыдтой, уыцы бон пехуымпартӕй ацы ныхӕстӕ чи хъусы, уыдонӕн сӕ ныфс ма фӕцудӕд! 10Ныронг нӕдӕр фос, нӕдӕр адӕймаджы куыстӕн фидын никӕй бон уыди, алы цӕуӕджы алырдыгӕй хъахъхъӕдтой зӕнгтӕ, уымӕн ӕмӕ Ӕз адӕмы кӕрӕдзимӕ сфыдӕх кодтон. 11Фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ Ӕз, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонмӕ раздӕры цӕстӕй нал кӕсдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 12Сабырӕй байтаудзысты сӕ хуымтӕ, сӕнӕфсиры талайыл гагатӕ равзӕрдзӕн, зӕхх тыллӕг ратдзӕнис, арвӕй ӕртӕх ӕрызгъӕлдзӕн. Ӕмӕ уыдӕттӕ Ӕз иууылдӕр, Мӕ адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдонӕн ратдзынӕн исбонӕн.
13Иудӕ ӕмӕ Израилы адӕм! Сымах ӕппӕт адӕмты ’хсӕн ӕлгъыстаг уыдыстут, фӕлӕ уӕ Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн, ӕмӕ суыдзыстут арфӕгонд. Ма тӕрсут! Уӕ ныфс ма фӕцудӕд!»
14Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдӕлтӕ Мӕ куы мӕсты кодтой, уӕд уӕ бафхӕрын сфӕнд кодтон ӕмӕ Мӕ фӕнд нӕ аивтон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 15Фӕлӕ ныр та Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы хӕдзарӕн Мӕ зӕрды ис хорздзинад ракӕнын. Ма тӕрсут. 16Мӕнӕ уын, цы хъуамӕ кӕнат, уыдӕттӕ: уӕ кӕрӕдзийӕн дзурут рӕстдзинад; тӕрхондоны тырнут рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинадмӕ; 17йӕ хионы ныхмӕ фыдвӕндтӕ мачи аразӕд; мӕнг сомытӕй уӕхи хизут, уымӕн ӕмӕ Мын уыдӕттӕ ӕнӕуынон сты, — зӕгъы Дунедарӕг.
18Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта:
19— Афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: цыппӕрӕм ӕмӕ фӕндзӕм мӕйты, стӕй ӕвдӕм ӕмӕ дӕсӕм мӕйты цы комдарӕн бонтӕ ис, уыдон Иудӕйы хӕдзарӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ фестдзысты, ӕрмӕст рӕстдзинад ӕмӕ сабырдзинад уарзут.
20Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: ӕрбацӕудзысты бирӕ адӕмтӕ ӕмӕ бирӕ сахарты цӕрджытӕ. 21Иу сахары цӕрджытӕ иннӕмӕ цӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Цомут ӕмӕ Дунедарӕгмӕ бакувӕм, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕрцагурӕм». Ӕмӕ фехъусдзысты ахӕм дзуапп: «Ӕз дӕр уемӕ! Цӕуын ӕз дӕр!» 22Ӕмӕ Йерусалиммӕ бирӕ знӕмтӕ ӕмӕ хъомысджын адӕмтӕ ’рбацӕудзысты, цӕмӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ӕрцагурой Йерусалимы ӕмӕ Дунедарӕгмӕ скувой.
23Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: уыцы заман алы ӕвзӕгтӕй ӕмӕ алы адӕмтӕй дӕс адӕймаджы иу иудейаджы фӕччийыл ныххӕцдзысты ӕмӕ дзурдзысты: «Мах цӕуӕм уемӕ, уымӕн ӕмӕ фехъуыстам, Хуыцау уемӕ кӕй ис, уый».
Currently Selected:
Захариа 8: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.