YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 7

7
1Паддзах Дарий цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фарӕстӕм мӕйы цыппӕрӕм бон, кислевы мӕйы, Дунедарӕг Захариайӕн фехъусын кодта йӕ ныхас.
2-3Уыцы заман Вефилы цӕрджытӕ Дунедарӕджы размӕ бакувынмӕ арвыстой Сарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы се ’мбӕлттимӕ, цӕмӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны цы сауджынтӕ ис, уыдоны, стӕй пехуымпарты бафӕрсой: «Бирӕ азты куыд уыдис, афтӕ ма мӕ фӕндзӕм мӕйы дӕр хъыг кӕнын ӕмӕ ком дарын хъӕуы ӕви нӕ?»
4Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта: 5«Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат? 6Хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ куы фӕкӕнут, уӕд уӕхи тыххӕй нӕ фӕхӕрут, уӕхи тыххӕй нӕ фӕнуазут? 7Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»
8Дунедарӕг Захариайӕн загъта:
9«Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут; 10сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут. 11Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ. 12Сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, цӕмӕй сӕм Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ Уды хъомысы руаджы пехуымпарты дзыхӕй цы Ӕгъдау ӕмӕ цы ныхӕстӕ ӕрвыста, уыдон ма хъусой. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг тынг смӕсты ис.
13Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — 14Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».

Currently Selected:

Захариа 7: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in