Захариа 6
6
1Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ комӕй, дыууӕ ӕрхуы хохы астӕуӕй, рацӕуынц цыппар уӕрдоны. 2Фыццаг уӕрдоны ифтыгъд уыдысты сырх бӕхтӕ, дыккаджы — саутӕ, 3ӕртыккаджы — урсытӕ, цыппӕрӕмы — хъулӕттӕ, тӕппытимӕ.
4Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Ме ’лдар, цы сты уыдон?» 5Зӕд мын дзуапп радта: «Уыдон сты цыппар уӕларвон дымгӕйы, ӕгас зӕххы Бардарӕджы разӕй рацӕуынц. 6Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».
7Ӕрбаввахс сты хъомысджын бӕхтӕ, зӕххыл ӕрзилынмӕ уыдысты цӕттӕ. Зӕд сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ зӕххыл ӕрзилут». Ӕмӕ зӕххыл ӕрзилынмӕ ацыдысты. 8Уый та мӕм фӕдзырдта ӕмӕ загъта: «Кӕс-ма: цӕгатмӕ цы бӕхтӕ ацыдысты, уыдон Мын цӕгатаг зӕххы Мӕ Уд басабыр кодтой».
9Дунедарӕг мын загъта: 10«Уацарӕй чи раздӕхти, уыдонӕй — Хелдай, Товиа ӕмӕ Иедаийӕ — мысайнӕгтӕ райс ӕмӕ уайтагъд ацу Софониайы фырт Йосиайы хӕдзармӕ, уыдон уырдӕм ӕрбацыдысты Вавилонӕй. 11Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл. 12Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн. 13Уый Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ айсдзӕн Йӕ кад, Йӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕнис ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Сауджын та ӕрбаддзӕнис йӕхи бынаты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрдзысты фидыдӕй. 14Кадыхуд баззайдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны, Хелем, Товиа, Иедаи ӕмӕ Софониайы фырт Хены сгуыхтдзинад зӕрдыл дарынӕн.
15Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».
Currently Selected:
Захариа 6: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: