Захариа 5
5
1Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ уӕлдӕфы ӕрбатӕхы тухгӕ чиныг. 2Зӕд мӕ бафарста: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Тухгӕ чиныг ӕрбатӕхы уӕлдӕфы: йӕ дӕргъ — ссӕдз ӕлмӕрины, йӕ уӕрх — дӕс ӕлмӕрины». 3Зӕд мын загъта: «Ӕгас зӕххыл цы ӕлгъыст ӕрцӕудзӕн, уый у. Тухгӕ чиныджы иу фарсыл куыд фыст ис, уымӕ гӕсгӕ, алы давӕг дӕр ӕфхӕрд баййафдзӕн, ӕмӕ, йӕ сомы чидӕриддӕр фӕсайы, уыдонӕй иу дӕр ӕнӕфхӕрдӕй нӕ аирвӕздзӕн, йӕ иннӕ фарсыл куыд фыст ис, афтӕ. 4Уыцы ӕлгъыст Мӕнӕй рацыд, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ алы давӕджы, стӕй, Мӕ номӕй мӕнг сомы чидӕриддӕр ракӕны, уымӕн йӕ хӕдзармӕ уыцы ӕлгъыст бацӕудзӕн ӕмӕ йӕ ныззыгуым кӕндзӕн, дур ӕмӕ дзы фӕйнӕг нал баззайдзӕн».
5Мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд фӕзындис ӕмӕ загъта: «Скӕс-ма хӕрдмӕ, акӕс-ма, уый цы рацӕйзыны?» 6Ӕз ӕй бафарстон: «Цы у уый?» Дзуапп мын радта: «Уый у, ефӕйы бӕрц кӕм цӕуы, ахӕм барӕн мигӕнӕн». Загъта ма: «Уый у ӕгас зӕххы азым».
7Уалынмӕ мигӕнӕны ӕрхуы сӕр хӕрдмӕ ссыди, ӕмӕ мӕнӕ мигӕнӕны бады сылгоймаг. 8Зӕд мын загъта: «Уыцы сылгоймаг у ӕнӕрастдзинад». Мигӕнӕны арфмӕ йӕ фехста ӕмӕ та мигӕнӕн йе ’рхуы сӕрӕй сӕхгӕдта.
9Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон: кӕцӕйдӕр фӕзындысты дыууӕ базырджын сылгоймаджы. Сӕ базырты мидӕг уыди дымгӕ, сӕ базыртӕ — кӕсагласы базыртау. Мигӕнӕн фелвӕстой ӕмӕ йӕ уӕртӕ арв ӕмӕ зӕххы астӕу фӕхӕссынц. 10Уӕд ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы Зӕды бафарстон: «Кӕдӕм фӕхӕссынц мигӕнӕн?» 11Уый мын дзуапп радта: «Шинары зӕххыл ын хъуамӕ хӕдзар саразой. Алцыдӕр куы ’рцӕттӕ кӕной, уӕд ӕй уым, кӕм ӕмбӕлы, уыцы ран сӕвӕрдзысты».
Currently Selected:
Захариа 5: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: