Захариа 3
3
1Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн. 2Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!»
3Йешуа зӕды бакомкоммӕ лӕууыди чъизи дарӕсы. 4Зӕд, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта: «Раласут ын йӕ чъизи дарӕс». Йӕхицӕн та йын загъта: «Дӕ азым дын систон, ныр дыл бӕрӕгбоны дарӕс скӕндзынӕн. 5Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым. 6Дунедарӕджы зӕд Йешуайӕн загъта: 7«Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар.
8Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы. 9Мӕнӕ ис, Йешуайы раз цы дур сӕвӕрдтон, уый. Ис ыл авд цӕсты. Ӕз ыл, цы фыстытӕ хъӕуы, уыдон скӕрддзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ ацы зӕххы тӕригъӕд иу бонмӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. 10Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ кӕрӕдзийы сӕнӕфсир ӕмӕ легъуи бӕласы бын абадынмӕ хондзыстут».
Currently Selected:
Захариа 3: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: