YouVersion Logo
Search Icon

Захариа 2

2
1Ногӕй хӕрдмӕ куы скастӕн, уӕд федтон нӕлгоймаджы. Йӕ къухы уыди зӕхбарӕн синаг. 2Ӕз ӕй бафарстон: «Кӕдӕм цӕуыс?» Уый мын дзуапп радта: «Йерусалим сбарынмӕ, хъуамӕ йын йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх фенон». 3Уалынмӕ фӕзынди, мемӕ чи дзырдта, уыцы Зӕд. Йӕ размӕ ’рбацӕйцыд ӕндӕр Зӕд, 4афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты. 5-6Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.
7Дӕхи фервӕзын кӕн, Сионы чызг, Вавилоны чызгмӕ чи ӕрцардис, уый! 8Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы: 9мӕнӕ сӕм Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, ӕмӕ сӕ раздӕры цагъайрӕгтӕн ӕфтиаг суыдзысты. Уӕд базондзыстут, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
10Дунедарӕг зӕгъы: „Цин кӕн, Сионы чызг! Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн“. 11Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. 12Уӕд Иудей ногӕй суыдзӕнис Дунедарӕджы исбон уаз зӕххыл, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим.
13Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!»

Currently Selected:

Захариа 2: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in