Захариа 1
1
1Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:
2-3«Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕм тынг мӕсты уыд, фӕлӕ ды ацы адӕмӕн фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: раздӕхут Мӕм ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр раздӕхдзынӕн. 4Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой.
5Кӕм сты ныр уӕ фыдӕлтӕ? Науӕд пехуымпартӕ ӕнусмӕ цӕрдзысты? 6Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
7Иуӕндӕсӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, шеваты мӕйы, Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас.
8Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ. 9Ӕз сдзырдтон: «Ме ’лдар, чи сты уыдон?» Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын дзуапп радта: «Ӕз дын равдисдзынӕн, чи сты, уый». 10Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты». 11Уӕд бӕхтӕ Дунедарӕджы зӕдӕн афтӕ зӕгъынц: «Мах ӕрзылдыстӕм зӕххыл, ӕгасӕй дӕр у сабыр ӕмӕ ӕнцад». 12Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?» 13Дунедарӕг, мемӕ цы зӕд дзырдта, уымӕн хӕлар ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дзуапп радта. 14Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта:
«Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм, 15ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы. 16Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты.
17Ноджы сын фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ сахартӕ ногӕй бӕркадджын суыдзысты, Дунедарӕг басабыр кӕндзӕн Сион, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим».
18Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон цыппар сыкъайы. 19Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон». 20Уый фӕстӕ мын Дунедарӕг равдыста цыппар кусӕджы. 21Ӕз бафарстон: «Адон та цы кусынмӕ фӕцӕуынц?» Уый мын дзуапп радта: «Уыцы сыкъатӕ Иудейы цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодтой, ӕмӕ дзы йӕ сӕр сисын дӕр ничиуал уӕнды. Адон та сӕм цӕуынц фӕтӕрсын кӕнынмӕ, Иудӕйы ныхмӕ сӕ сыкъа цы адӕмтӕ систой, уыдонӕн сӕ сыкъатӕ ныссӕттынмӕ».
Currently Selected:
Захариа 1: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.