Матфей 20
20
1Уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, райсомӕй раджы йӕ сӕндонмӕ зилынӕн кусджытӕ баххуырсынмӕ чи рацыди, уыцы хицауимӕ. 2Уый кусджытимӕ бафидыдта бон фӕйнӕ динарыл, ӕмӕ сӕ арвыста йӕ сӕндонмӕ.
3Ӕртӕ сахатмӕ#20:3 Сахӕттӕ амынд сты рагон нымадӕй (кӕс дзырдуаты). ӕввахс та сахары фӕзмӕ рацыд ӕмӕ дзы кӕйдӕрты ӕгуыстӕй лӕугӕ федта. 4Ӕмӕ уыдонӕн дӕр загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ, ӕмӕ уын, цы ӕмбӕлы, уый бафиддзынӕн“. Уыдон ацыдысты.
5Уый фӕстӕ рацыд ӕмбисбонмӕ ӕввахс, стӕй — фараст сахатыл ӕмӕ та баххуырста ӕндӕрты.
6Ӕппынфӕстаг рацыд иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс, ноджыдӕр та дзы кӕйдӕрты баййӕфта ӕмӕ сӕ бафарста: „Ам ӕнӕхъӕн бон ӕгуыстӕй цы лӕуут?“
7Уыдон ын дзуапп радтой: „Ничи нӕ баххуырста“. Уый сын загъта: „Ацӕут сымах дӕр мӕ сӕндонмӕ [ӕмӕ уын цы ӕмбӕлы, уый райсдзыстут]“.
8Куы баизӕр ис, уӕд сӕндоны хицау загъта йӕ фӕткдарӕн: „Кусджытӕм фӕдзур ӕмӕ сын сӕ мызд ратт; фӕстӕдӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн раздӕр бафид, раздӕр чи ӕрбацыд, уыдонӕн та — фӕстӕдӕр“.
9Иуӕндӕс сахатмӕ ӕввахс чи ӕрбацыд, уыдон райстой фӕйнӕ динары. 10Раздӕр чи ӕрбацыд, уыдон ӕнхъӕлдтой, фылдӕр райсдзысты, зӕгъгӕ, фӕлӕ уыдон дӕр райстой фӕйнӕ динары 11ӕмӕ, сӕ мызд куы райстой, уӕд сӕндоны хицауыл райдыдтой бустӕ кӕнын: 12„Фӕстӕдӕр кӕй баххуырстай, уыдон иунӕг сахат бакуыстой, фидгӕ та сын немӕ ӕмхуызон бакодтай, афтӕмӕй мах ӕнӕхъӕн бон ӕнтӕфы фӕфыдӕбон кодтам“.
13Уӕд дзы уый иуӕн загъта: „Ӕз, мӕ лымӕн, дӕ хъыджы ницӕмӕй бацыдтӕн. Иу динарыл нӕ баныхас кодтай мемӕ? 14Цы дын ӕмбӕлы, уый айс ӕмӕ ацу. Дӕуӕн цас радтон, фӕстӕдӕр ӕрбацӕуӕгӕн дӕр мӕ уый бӕрц раттын фӕнды. 15Мӕн цы у, ууыл мӕ бар нӕ цӕуы? Ӕви мын рӕдау уӕвын дӕ цӕст нӕ уарзы?“
16Уӕдӕ фӕстӕгтӕ уыдзысты фыццӕгтӕ, фыццӕгтӕ та — фӕстӕгтӕ. [Уымӕн ӕмӕ хуындтытӕ бирӕ сты, ӕвзӕрстытӕ — чысыл]».
17Йерусалиммӕ фӕндагыл Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын загъта: 18«Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ уым Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн сауджынтӕ ӕмӕ динамонджыты къухмӕ ӕмӕ Йын уыдон марыны тӕрхон рахӕсдзысты. 19Муртаттӕгты ӕвджид Ӕй ныууадздзысты, цӕмӕй Дзы уыдон хъазинаг скӕной, ехсӕй Йӕ фӕнӕмой ӕмӕ Йӕ дзуарыл байтындзой, фӕлӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн».
20Уӕд Ӕм бацыди Зеведейы ус йӕ фырттимӕ, ӕрзоныг кодта Йӕ разы ӕмӕ Йӕм хатыди цӕйдӕр тыххӕй. 21Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ хъӕуы?» Уый Йын дзуапп радта: «Бар ратт, цӕмӕй Дӕ Паддзахады мӕ ацы дыууӕ лӕппуйӕ иу сбада Дӕ рахизфарс, иннӕ та — Дӕ галиуфарс».
22Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзынӕн, уымӕй бануазын [кӕнӕ Ӕз кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын] суыдзӕни уӕ бон?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Суыдзӕн». 23Уый сын загъта: «Мӕ хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуаздзыстут [ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй]. Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи сбаддзӕни, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу, уымӕн ӕмӕ уыцы бынӕтты, Мӕ Фыд сӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ кодта, уыдон сбаддзысты».
24Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты дыууӕ ӕфсымӕрмӕ. 25Йесо се ’ппӕтмӕ дӕр фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц, ӕмӕ хицӕуттӕ адӕмтыл барджын кӕй сты, уый. 26Сымах ӕхсӕн та афтӕ ма уӕд: уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уын уӕд лӕггадгӕнӕг; 27уе ’хсӕн фыццаг уӕвын кӕй фӕнды, уый уын уӕд цагъар.
28Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной, фӕлӕ цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕтӕн сӕрибар ӕрхӕссыны сӕраппонд ратта Йӕ цард».
29Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йерихонӕй куы рацыдысты, уӕд Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм. 30Фӕндаггӕрон бадтысты дыууӕ куырмы ӕмӕ, Йесо сӕ рӕзты ӕрцӕуы, уый куы фехъуыстой, уӕд хъӕр систой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
31Адӕм сӕ басабыр кӕнын фӕлвӕрдтой, фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Батӕригъӕд нын кӕн, Хицау, Давиды Фырт!»
32Йесо ӕрлӕууыди, фӕдзырдта сӕм ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы уӕ фӕнды? Цы уын саразон?»
33Уыдон Ын загътой: «Хицау, мах фӕнды цӕстӕй ракӕсын».
34Йесо куырмытӕн фӕтӕригъӕд кодта ӕмӕ сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта. Уыдон уайтагъд ракастысты сӕ цӕстӕй ӕмӕ дыууӕйӕ дӕр Йӕ фӕдыл ацыдысты.
Currently Selected:
Матфей 20: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: