Матфей 19
19
1Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд рараст ис Галилейӕ ӕмӕ ӕрцыд Иудейы зӕхмӕ, Иорданы фаллаг фарсмӕ.
2Йӕ фӕдыл рацыди бирӕ адӕм, ӕмӕ сӕ уым сдзӕбӕх кодта.
3Уӕд ӕм фарисейтӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны тыххӕй бафарстой: «Цыфӕнды азымы тыххӕй дӕр лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?» 4Йесо сын дзуапп радта: «Ау, Сфӕлдисӕг тӕккӕ райдианӕй „уыдоны нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймагӕй кӕй сфӕлдыста“, уый тыххӕй нӕ бакастыстут, ӕви? 5Ӕмӕ Сфӕлдисӕг загъта: „Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады, баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ цӕрӕнбонты нал фӕхицӕн уыдзысты“. 6Афтӕмӕй уыдон дыууӕ нал сты, фӕлӕ сты иу буар. Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».
7Уыдон та Йын загътой: «Уӕдӕ Моисей ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахаста, „лӕгӕн йӕ усы ауадзын йӕ бон у, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт раттӕд“, зӕгъгӕ?»
8Йесо сын дзуапп радта: «Хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй уын радта Моисей уӕ устыты уадзыны бар. Фыццаг та афтӕ нӕ уыди. 9Фӕлӕ уын Ӕз зӕгъын: хӕтыны азым ӕм ма уӕд, уымӕй дарддӕр йӕ усы чи ауадза ӕмӕ ӕндӕр усы чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны. [Йӕ лӕгӕй чи ахицӕн, ахӕм сылгоймаджы чи ракура, уый дӕр хӕтгӕ кӕны]».
10Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Кӕд йӕ усы тыххӕй лӕгыл ахӕм хӕс ӕвӕрд ис, уӕд хуыздӕр у ус нӕ ракурын».
11Йесо сын загъта: «Алкӕй бон нӕу афтӕ бакӕнын, фӕлӕ Хуыцауӕй лӕвӕрд кӕмӕн уа, уый йӕ сӕххӕст кӕндзӕн.
12Уымӕн ӕмӕ ис, мады гуыбынӕй ӕрдызт чи рахаста, ахӕмтӕ, иннӕты та адӕм бардызтой. Ноджы ма ис, Уӕларвон Паддзахады сӕраппонд ус курыныл йӕ къух чи систа, ахӕмтӕ дӕр. Афтӕ бакӕнын кӕй бон у, уый йӕ сӕххӕст кӕнӕд».
13Уӕд Йесомӕ ӕрбакодтой сывӕллӕтты, цӕмӕй сыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕра ӕмӕ бакува, фӕлӕ Йӕм сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ бауагътой.
14Йесо сын загъта: «Ӕрбауадзут Мӕм сӕ, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ Уӕларвон Паддзахад, сывӕллӕтты хуызӕн чи у, уыдоны у».
15Йесо сывӕллӕттыл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ ацыди уырдыгӕй.
16Йесомӕ ӕрбацыди иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсыны тыххӕй хорзӕй цы саразон?»
17Йесо йын дзуапп радта: «Хорз цы у, уымӕй Мӕ цӕмӕн фӕрсыс? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд ӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ»#19:17 Фӕстӕдӕры къухфыстыты 16-17 бынӕттӕ сты афтӕ: Йесомӕ ӕрбацыд иу лӕппу ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн хорзӕй цы саразон?» Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд фӕдзӕхстытӕ ӕххӕст кӕн»..
18Уый Йӕ бафарста: «Цавӕр фӕдзӕхстытӕ?» Йесо йын ранымадта: «„Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, 19„Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“ ӕмӕ „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“».
20Уӕд Ын лӕппу загъта: «Уыдӕттӕ иууылдӕр ӕххӕст кӕнын. Ноджыдӕр ма мын цы нӕ фаг кӕны?»
21Йесо йын загъта: «Кӕд дӕ фӕнды, ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уай, уӕд ацу, дӕ мулк ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртӕн байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл».
22Лӕппу уый куы фехъуыста, уӕд ӕнкъардӕй ацыди, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыд.
23Йесо загъта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: зын у хъӕздыгӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ бацӕуын.
24Ноджы ма уын зӕгъын: хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у».
25Ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд сӕм тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ загътой: «Уӕдӕ уӕд чи фервӕздзӕн?»
26Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Адӕймагӕн уый йӕ бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн ӕппӕт дӕр у Йӕ бон».
27Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах алцыдӕр ныууагътам ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?»
28Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Адӕймаджы Фырт ног дунейы Йӕ кадджын паддзахы бадӕны куы ӕрбада, уӕд сымах дӕр, Мӕ фӕдыл рацӕуджытӕ, дыууадӕс бадӕныл ӕрбаддзыстут ӕмӕ Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕндзыстут.
29Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ фыды, йӕ мады, йӕ усы, йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, ууыл уыдӕттӕ фондзыссӕдз ахӕмӕй бафтдзысты фӕстӕмӕ ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй.
30Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ суыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ.
Currently Selected:
Матфей 19: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: