Иоанн 21:15-17
Иоанн 21:15-17 ОССБ
Аходӕн куы бахордтой, уӕд Йесо Симон Петры фӕрсы: «Иоанны фырт Симон, адон Мӕ цас уарзынц, ды Мӕ уымӕй фылдӕр уарзыс?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо Йын загъта: «Хиз Мӕ уӕрыччыты». Дыккаг хатт дӕр та йӕ бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Петр Ын дзуапп радта: «О Бардарӕг! Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Фыййау у Мӕ фыстӕн». Ӕртыккаг хатт ӕй бафарста: «Иоанны фырт Симон, уарзыс Мӕ?» Ӕмӕ йӕ ӕртыккаг хатт, уарзыс Мӕ, зӕгъгӕ, кӕй бафарста, уый тыххӕй Петр фенкъард ис ӕмӕ Йын дзуапп радта: «Бардарӕг, Ды алцыдӕр зоныс. Ды зоныс, ӕз Дӕ кӕй уарзын, уый». Йесо йын загъта: «Хиз Мын Мӕ фысты.



![[Unboxing Psalm 23: Treasures for Every Believer] Paths of Righteousness Иоанн 21:15-17 Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов](/_next/image?url=https%3A%2F%2Fimageproxy.youversionapi.com%2Fhttps%3A%2F%2Fs3.amazonaws.com%2Fyvplans%2F35790%2F1440x810.jpg&w=3840&q=75)

