Рацыд 20
20
1Мӕнӕ, Хуыцау кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ:
2«Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй дӕ Чи ракодта, цагъары ӕфсондзы бынӕй, Уый. 3Мӕ разы дын ӕндӕр хуыцӕуттӕ ма уӕд.
4Дӕхицӕн ма араз кӕрдгӕнывтӕ: нӕдӕр уӕле, арвыл цы ис, нӕдӕр дӕле — зӕххыл, нӕдӕр доны мидӕг — зӕххы бын цы ис, уыдоны фӕлгонцтӕ. 5Ма сын кув ӕмӕ сын ма лӕггад кӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз Дунедарӕг дӕн, дӕ Хуыцау, ӕнувыддзинад домӕг Хуыцау, йӕхи Мыл чи атигъ кодта, уыцы фыдӕлты азымы тыххӕй уыдонӕн сӕ байзӕддӕгты ӕртыккаг ӕмӕ цыппӕрӕм фӕлтӕры онг ӕфхӕрӕг, 6Мӕн чи уарзы ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдонӕн та мин фӕлтӕры онг — арфӕгӕнӕг.
7Ӕнӕхъуаджы ма сдзур Дунедарӕджы, Дӕ Хуыцауы, ном. Дунедарӕг ӕнӕбафхӕргӕ нӕ ныууадздзӕн, Йӕ ном Ын ӕнӕхъуаджы чи дзура, уый.
8Рох дӕ ма уӕд, сабат уаз кӕй у, уый. 9Ӕхсӕз боны дӕргъы кус, кӕн дӕ алы хъуыддӕгтӕ, 10ӕвдӕм бон та — сабат — Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, у, ӕмӕ уыцы бон мадӕр дӕхӕдӕг исты кус, мадӕр дӕ фырт исты кусӕд, мадӕр — дӕ чызг, мадӕр — дӕ цагъар, мадӕр — де ’ххуырст, мадӕр — дӕ фос, мадӕр — дӕ сахары цӕрӕг ӕрцӕуӕггаг. 11Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕхсӕз бонмӕ сфӕлдыста арв, зӕхх ӕмӕ денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уый, ӕвдӕм бон та ӕрӕнцад Йӕ алы куыстӕй. Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг сабаты бонӕн раарфӕ кодта, скодта йӕ уаз.
12Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады, цӕмӕй дын, Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, кӕй дӕтты, уыцы зӕххыл бирӕ фӕцӕрай.
13Ма амар.
14Ма хӕт.
15Ма дав.
16Искӕй ныхмӕ мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу.
17Ма бабӕлл искӕй хӕдзармӕ, искӕмӕн ма бабӕлл нӕдӕр йӕ усмӕ, нӕдӕр — йӕ цагъармӕ, нӕдӕр — йӕ галмӕ, нӕдӕр — йӕ хӕрӕгмӕ. Искӕй исӕй мацӕмӕ бабӕлл».
18Арв нӕрыд ӕмӕ ӕрттывта, уасыд сыкъауадындз, фӕздӕг калдта хох. Адӕм уыдтой ӕмӕ хъуыстой ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ дӕрддзӕф алӕууыдысты. 19Моисейӕн загътой: «Хуыцау ма дзурӕд немӕ, науӕд амӕлдзыстӕм. Фӕлтау нын ды дзур, ӕмӕ дӕм мах хъусдзыстӕм». 20Моисей адӕмӕн загъта: «Ма тӕрсут. Хуыцау ӕрцыди уӕ бафӕлварынмӕ, цӕмӕй уӕ Хуыцауы тас уа ӕмӕ тӕригъӕды ма цӕуат». 21Адӕм лӕууыдысты дӕрддзӕф ран, Моисей та баввахс ис, Хуыцау кӕм уыди, уыцы саудалынгмӕ.
22Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Израилӕгтӕн Мӕнӕй афтӕ зӕгъ. Сымах федтат, уӕларвӕй уӕм куыд дзырдтон, уый. 23Ма аразут уӕхицӕн ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин хуыцӕуттӕ ӕмӕ сӕ Мӕ разы ма ӕвӕрут.
24Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн. 25Нывондхӕссӕн Мын дурӕй куы аразай, уӕд дуртӕ ма лӕгъз кӕн: дӕ сарт дуртыл куыддӕр бандзӕвын кӕнай, афтӕ сӕ фӕчъизи кӕндзынӕ.
26Нывондхӕссӕнмӕ къӕпхӕнтыл ма хиз, цӕмӕй йӕм дӕ худинаг ма разына.
Currently Selected:
Рацыд 20: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: