YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 15

15
1Уӕд Моисей ӕмӕ израилӕгтӕ Дунедарӕджы кадӕн арфӕйы зарӕг систой:
«Цӕй ӕмӕ ныззарон Дунедарӕгыл,
стыр ӕмӕ кадджын Хуыцауыл!
Уый фӕдӕлдон кодта бӕхтӕ ӕмӕ барджыты.
2Дунедарӕг мӕ хъомыс, мӕ хъару,
мӕ Ирвӕзынгӕнӕг у.
Уый мӕ Хуыцау у,
ӕмӕ Йын кад кӕндзынӕн,
Уый — мӕ фыдӕлты Хуыцау,
ӕмӕ Йӕ стаудзынӕн!
3Дунедарӕг у хӕстон,
Дунедарӕг — Йӕ ном!
4Уый фӕдӕлдон кодта
фараоны тохуӕрдӕттӕ, йе ’фсад,
Сырх денджызы амӕттаг ын бакодта
йӕ разагъды хӕстонты —
5хуыдымы хай баисты,
доны аныгъуылдысты дуртау.
6Дунедарӕг, Дӕ рахиз къухӕн
йӕ хъомысы кой айхъуыст.
Дӕ рахиз къухӕй, Дунедарӕг,
Ды знӕгты ӕрцавтай,
7Дӕ ныхмӕ растджыты Де стыр хъаруйӕ
афӕлдӕхтай зӕххыл;
артау ссыгъди Дӕ маст,
хъӕмпы халау сӕ аныхъуырдта.
8Дӕ раулӕфтӕй хӕрдмӕ фӕцыдысты
денджызы уылӕнтӕ,
хъен слӕууыдысты сисау,
сурзӕхх фестади хуыдым.
9„Асурон, баййафон! — загъта фыдгул. —
Байсон ӕфтиаг, мӕ мондӕгтӕ сисон!
Сласон мӕ кард ӕмӕ сӕ ныццӕгъдон!“
10Ды бафу кодтай — ӕмӕ фӕдӕлдон сты,
денджызы арфы аныгъуылдысты здыйау.
11Дунедарӕг, хуыцӕутты ’хсӕн Дӕу хуызӕн чи у?
Чи у, Дӕуау, хъомысджын ӕмӕ уаз?
Тас ӕфтауы Дӕ кад,
о, диссӕгтӕ фӕлдисӕг!
12Баивӕзтай Дӕ къух —
зӕхх аныхъуырдта знаджы.
13Уарзгӕйӕ хоныс Ды,
кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмы,
кӕныс сӕ Дӕ хъомысджын къухӕй
Дӕ уаз цӕрӕнмӕ.
14Уыдӕттӕ фехъуыстой алы адӕмтӕ
ӕмӕ ӕмризӕджы ризынц!
Филистимы цӕрджыты стыр тас бацыд,
15удаист фесты Едомы ӕлдӕрттӕ,
асаст Моавы фӕтӕгтӕн сӕ ныфс,
ханаанӕгтӕн се уӕнгтӕ ӕрызгъӕлдысты.
16Бахӕцӕд се ’ппӕтыл тас ӕмӕ ризӕг!
Дӕ хъомысӕй цавддуртӕ фестӕнт,
цалынмӕ, Дунедарӕг, Дӕ адӕм цӕуой, уӕдмӕ,
Дӕхи кӕй бакодтай, уыцы адӕм!
17Дунедарӕг, Ды ӕрцӕрын кӕндзынӕ
уыдоны Дӕ хохыл!
Дӕхицӕн цӕрӕн кӕм сарӕзтай, Бардарӕг,
Дӕ къухӕй Уаз Цӕрӕн кӕм скодтай, уым!
18Дунедарӕг уыдзӕни
Паддзах — мыггагӕй-мыггагмӕ!»
19Фараоны тохуӕрдӕттӕ ӕмӕ йӕ бӕхджынтӕ денджызмӕ куы бахызтысты, уӕд сӕ Дунедарӕг фӕдӕлдон кодта, израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. 20Уӕд пехуымпар Мариам, Аароны хо, йӕ къухмӕ ӕрбайста дала, ӕмӕ йемӕ сӕ далатимӕ кафгӕ рацыдысты ӕппӕт сылгоймӕгтӕ дӕр. 21Мариам базарыд:
«Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый!
Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»
22Сырх денджызӕй Моисей израилӕгты акодта Шуры ӕдзӕрӕг быдырмӕ. Уым фӕцыдысты ӕртӕ боны ӕмӕ дон никуы ардтой. 23Марамӕ куы бафтыдысты, уӕд уым уыди дон, фӕлӕ нуазынӕн нӕ бӕззыд, уымӕн ӕмӕ маст уыд. (Уымӕ гӕсгӕ схуындӕуыд ацы бынат Мара#15:23 Мара дзуттагау амоны «маст»..) 24Адӕм хъуыр-хъуыр кодтой Моисейыл: «Цы бануазӕм?» 25Моисей скуывта Дунедарӕгмӕ, ӕмӕ йын Уый бацамыдта бӕласмӕ. Моисей дзы иу лыггаг доны ныппӕрста, ӕмӕ дон хӕрзад фестад.
Уыцы ран Дунедарӕг израилӕгтӕн сфидар кодта фӕтк ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ сӕ фӕлвӕрдта. 26Загъта сын: «Дунедарӕгмӕ, уӕ Хуыцаумӕ, куы хъусат ӕмӕ, Йӕ разы раст цы у, уый куы кӕнат, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын уӕ зӕрдыл куы дарат ӕмӕ Йын Йӕ уагӕвӕрдтӕ куы ӕххӕст кӕнат, уӕд, мысырӕгтыл цы низтӕ бафтыдтон, уыдонӕй уӕ никӕцыйы амӕттаг бакӕндзынӕн. Ӕз Дунедарӕг дӕн — уӕ Хосгӕнӕг».
27Израилӕгтӕ бахӕццӕ сты Елиммӕ ӕмӕ сӕ рӕсӕнуат уым скодтой. Уыди дзы дыууадӕс суадоны ӕмӕ дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз финик бӕласы.

Currently Selected:

Рацыд 15: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in