Рацыд 14
14
1Дунедарӕг Моисейӕн загъта: 2«Израилӕгтӕн зӕгъ, цӕмӕй фӕстӕмӕ раздӕхой ӕмӕ рӕсӕнуат скӕной Пи-Хахироты цур, Мигдол ӕмӕ денджызы ’хсӕн. Баал-Цефонмӕ ӕввахс-иу денджызы был ӕрӕнцайут. 3Уадз ӕмӕ фараон зӕгъа, израилӕгтӕ фӕдзӕгъӕл сты, ӕдзӕрӕг быдыр сыл дуӕрттӕ ӕрӕхгӕдта. 4Ӕз хиваст хъуыды бауадздзынӕн фараоны сӕры, уый уӕ фӕсте асурдзӕн, ӕмӕ йын уӕд Ӕз йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йе ’фсадӕн дӕр фенын кӕндзынӕн! Базондзысты мысырӕгтӕ, Дунедарӕг Чи у, уый!» Израилӕгтӕ, Дунедарӕг сын куыд бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
5Мысыры паддзахмӕ хабаргӕнӕг фӕцис, израилӕгтӕ алыгъдысты, зӕгъгӕ. Фараон ӕмӕ йӕ дӕлдӕртӕ ӕрфӕсмон кодтой, кӕй сӕ ауагътой, уый тыххӕй. Загътой: «Уый цы бакуыстам? Ауагътам израилӕгты, нӕ кусджыты!»
6Фараон сифтындзын кодта йӕ тохуӕрдон ӕмӕ фӕсидти йе ’фсадмӕ. 7Йемӕ ракодта ӕхсӕзсӕдӕ хорз тохуӕрдоны, уӕрдӕттыл — фӕлтӕрдджын хӕстонтӕ — Мысыры ӕппӕт уӕрдонӕфсад. 8Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл. 9Мысырӕгтӕ — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ барджытӕ, йе ’ппӕт ӕфсад — абырстой сӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ денджызы былгӕрон, Баал-Цефонмӕ ӕввахс, Пи-Хахироты цур баййӕфтой.
10Фараоны куы суыдтой израилӕгтӕ, уӕд бамбӕрстой, мысырӕгтӕ сӕ ӕрбасурынц, уый. Тынг старстысты ӕмӕ Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтой. 11Моисейӕн бустӕ кодтой: «Мысыры нын баныгӕнӕн нӕ уыд, ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ мӕлынмӕ куынӕ ракодтаис, уӕд? Цы нын бакуыстай, цӕмӕн нӕ ракодтай Мысырӕй? 12Уым дӕр дын куы дзырдтам, ныууадз нӕ, цагъартӕ уыдзыстӕм Мысырӕн, цӕйнӕфӕлтау ӕдзӕрӕг быдыры амӕлӕм!» 13«Ма тӕрсут! — дзырдта Моисей адӕмӕн. — Ӕнцад лӕуут ӕмӕ уӕхӕдӕг фендзыстут, ныртӕккӕ уӕ Дунедарӕг куыд фервӕзын кӕндзӕн, уый. Фӕстаг хатт ма уынут мысырӕгты — нырӕй фӕстӕмӕ сӕ нал фендзыстут. 14Ӕрсабыр ут! Уӕ бӕсты Дунедарӕг хӕцы семӕ!»
15Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Цӕуыл Мӕм дзыназыс? Израилӕгтӕн зӕгъ, ӕмӕ сӕ размӕ цӕуой! 16Ды та дӕ лӕдзӕгӕй денджызмӕ ацамон, дон фӕйнӕрдӕм акӕлдзӕн, ӕмӕ израилӕгтӕ денджызы астӕуты сур зӕххыл цӕуӕгау ацӕудзысты. 17Мысырӕгтӕ Мӕ фӕндӕй уӕддӕр сӕ хиваст зонд нӕ ныууадздзысты ӕмӕ уӕ фӕдыл агуылф кӕндзысты. Уыйадыл фараоны Мӕ азар баййафдзӕн — ӕд ӕфсад, ӕд тохуӕрдӕттӕ, ӕд бӕхджынтӕ. 18Мысырӕгтӕ базондзысты, Дунедарӕг Чи у, уый, фараонӕн йӕхиуыл дӕр, йӕ тохуӕрдӕттыл дӕр ӕмӕ йӕ бӕхджынтыл дӕр Мӕ хъомыс куы бавзарон, уӕд!»
19Израилы адӕмӕн сӕ разӕй цӕуӕг Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕстӕ ӕрлӕууыд, сӕ разӕй цы мигъы цӕджындз уыд, уый сӕ фӕстӕ фӕци. 20Дунедарӕджы зӕд мысырӕгтӕй израилӕгты ’хсӕн ӕрлӕууыди. Сау мигъау зынд иуӕрдыгӕй, иннӕрдыгӕй та ӕхсӕв рухс кодта. Мысырӕгтӕ уыцы ӕхсӕв нӕ баййӕфтой израилӕгты.
21Моисей йӕ къухӕй денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ Дунедарӕг денджызыл скӕсӕйнаг уаддымгӕ рауагъта. Денджыз дыууӕ дихӕй фӕйнӕрдӕм акалд, ӕмӕ йӕ сур бын разынди. 22Израилӕгтӕ сурыл сӕ фӕндаг дардтой. Дон сисау цӕхгӕр лӕууыди сӕ рахизфарс дӕр ӕмӕ сӕ галиуфарс дӕр. 23Мысырӕгтӕ дӕр — фараоны тохуӕрдӕттӕ, йӕ бӕхджынтӕ — денджызы астӕуты сурыл атындзыдтой израилӕгты фӕстӕ.
24Боныцъӕхтыл Дунедарӕг арты цӕджындз ӕмӕ мигъы цӕджындзӕй ракасти Мысыры ӕфсадмӕ, ӕмӕ уыдон фыр тӕссӕй барызтысты. 25Афтӕ сын бакодта, ӕмӕ сӕ уӕрдӕтты цӕлхытӕ фӕтахтысты, мысырӕгтӕн размӕ цӕуын нал ӕнтыст. Загътой: «Лидзгӕ нын у израилӕгтӕй — сӕ сӕрыл Дунедарӕг растад нӕ ныхмӕ».
26Дунедарӕг Моисейӕн загъта: «Дӕ къухӕй денджызмӕ ацамон, ӕмӕ дон фӕстӕмӕ йӕ бынат ссара, йӕ быны фӕкӕна мысырӕгты — уӕрдӕттӕ дӕр ӕмӕ бӕхджынты дӕр». 27Моисей денджызмӕ ацамыдта, ӕмӕ боныцъӕхтӕм дон йӕ бынат ссардта. Мысырӕгтӕ лидзгӕ-лидзын уылӕнты амӕттаг баисты — Дунедарӕг сӕ фӕдӕлдон кодта. 28Дон йӕ бынат ссардта ӕмӕ фараоны ӕфсад — уӕрдонӕй, бӕхджынӕй — иууылдӕр аныхъуырдта, иу дӕр сӕ нӕ аирвӕзти.
29Ныр израилӕгтӕ та денджызы астӕуты ацыдысты сурыл цӕуӕгау. Сӕ рахизфарс уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис, сӕ галиуфарс дӕр уыди доны ӕмдзӕхгӕр сис. 30Афтӕ Дунедарӕг уыцы бон израилӕгты бахызта мысырӕгты къухӕй.
Израилӕгтӕ денджызы был мысырӕгты мӕрдтӕ куы федтой, 31уӕд бамбӕрстой, Дунедарӕг уыдоны Йе стыр хъомысы амӕттаг кӕй бакодта, ӕмӕ сӕ стыр тас бацыди Дунедарӕджы раз. Баууӕндыдысты Дунедарӕгыл ӕмӕ Йӕ цагъар Моисейыл.
Currently Selected:
Рацыд 14: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: