YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 13

13
1Дунедарӕг Моисейӕн бафӕдзӕхста: 2«Израилӕгты алы фыццаг цӕуӕт дӕр нывонд кӕнут Мӕнӕн — ныййарӕг мады хистӕр фырт дӕр ӕмӕ фосы фыццаг нӕлтӕ дӕр Мӕн сты».
3Моисей адӕмӕн загъта: «Уӕ зӕрдыл бадарут ацы бон, Дунедарӕг уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — цы бон ракодта, уый. Уыцы бон ӕнхъызт дзул макуы бахӕрут. 4Абон, авивы мӕйы, уӕ фӕндаг адардтат Мысырӕй.
5Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕн расомы кодта, ханаанӕгтӕ, хеттӕгтӕ, аморӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгты зӕхх, ӕхсыр ӕмӕ мыд кӕцӕй хъары, уый сымахӕн кӕй ратдзӕн, уый тыххӕй. Гъемӕ уӕ уыцы зӕхмӕ куы бакӕна, уӕд-иу ацы мӕй кӕнут бӕрӕгбон: 6авд боны дӕргъы хӕрут ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ ӕмӕ-иу ӕвдӕм бон сбӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы бӕрӕгбон. 7Фехъуыстат, донгонд дзултӕ хӕрут авд боны дӕргъы: уыцы бонты уӕ зӕххыл макӕмӕ разынӕд нӕдӕр ӕнхъизӕнджын дзултӕ, нӕдӕр — ӕнхъизӕн. 8Уыцы бон-иу уӕ фырттӕн зӕгъут: „Дунедарӕг нӕ Мысырӕй куы ракодта, уӕд нын цы хӕрзты бацыд, уый кадӕн ӕххӕст кӕнӕм ацы уагӕвӕрд“. 9Гъемӕ уын уый нысаны хуызӕн уӕд къухыл ӕмӕ ныхыл, цӕмӕй уӕ макуы ферох уа Дунедарӕджы ӕгъдау, уӕ былалгъыл уа ӕдзухдӕр, уымӕн ӕмӕ уӕ Йе стыр хъомысы фӕрцы Дунедарӕг ракодта Мысырӕй. 10Алы аз дӕр нысангонд бонты ӕххӕст кӕнут ацы уагӕвӕрд».
11Моисей ма ноджыдӕр загъта: «Дунедарӕг уӕ Ханааны зӕхмӕ куы бакӕна — уымӕн ӕмӕ сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ фыдӕлтӕн дӕр уыцы зӕхх раттынӕй зӕрдӕ бавӕрдта, — 12уӕд уӕ фыццаг зӕнӕг кӕддӕриддӕр у Дунедарӕджы. Уӕ фосы фыццаг зӕйц, сӕ нӕлтӕ, Дунедарӕджы сты. 13Хӕрӕджы къӕлӕу-иу баивут уӕрыккӕй. Йӕ баивын уӕ куынӕ бафӕнда, уӕд та йын йӕ бӕрзӕй асӕттут. Уӕ хистӕр фыртты сӕрмӕ дӕр нывӕндтӕ ӕрхӕссут. 14Фидӕны сымах уӕ фырттӕ куы фӕрсой, ацы ӕгъдау цы амоны, зӕгъгӕ, уӕд-иу сын зӕгъут, ацы ӕгъдау нын нӕ зӕрдыл ӕрӕфтауы, Дунедарӕг нӕ Мысырӕй — цагъары ӕфсондзы бынӕй — куыд ракодта, уый. 15Фараон йӕ зӕрдӕ куы ныддур кодта ӕмӕ нӕ куынӕ уагъта рацӕуын, уӕд Дунедарӕг ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: адӕмӕн — сӕ хистӕр фыртты, фосӕн — сӕ сӕртӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах Дунедарӕгӕн нывондӕн хӕссӕм нӕ фосы зӕйцӕй алы фыццаг нӕлы дӕр, нӕ алы хистӕр фырты та ӕлхӕнӕм Хуыцауӕй. 16Уый уӕд уӕ къухтыл нысанау ӕмӕ уӕ ныхтыл уаццаджы хуызӕн бастау, уымӕн ӕмӕ уӕ Дунедарӕг Йе стыр хъомысы фӕрцы ракодта Мысырӕй».
17Фараон израилӕгты куы рауагъта, уӕд сӕ Хуыцау филистимӕгты зӕххы уылты нӕ акодта, кӕд уыцы фӕндаг цыбырдӕр уыди, уӕддӕр. Загъта: «Хӕцын сӕ бахъӕудзӕн, уый куы феной, уӕд фӕфӕсмон кӕндзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ аздӕхдзысты Мысырмӕ». 18Ӕмӕ сӕ Хуыцау дӕрдтыл ӕрзилын кодта, ӕдзӕрӕг быдырыл сӕ акодта Сырх денджызы ’рдӕм. Израилӕгтӕ рӕнхъыстадӕй рацыдыстты Мысыры зӕххӕй. 19Моисей йемӕ рахаста Йосефы стджытӕ дӕр, уымӕн ӕмӕ Йосеф йӕ рӕстӕджы Израилы фырттӕн ард бахӕрын кодта — бафӕдзӕхста сын: «Хуыцауы зӕрдыл куы ӕрлӕууат, уӕд-иу мын ме стджытӕ Мысыры ма ныууадзут».
20Израилӕгтӕ рацыдысты Суккотӕй ӕмӕ рӕсӕнуат ӕркодтой ӕдзӕрӕг быдыры кӕрон, Етамы. 21Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной. 22Адӕмӕн боныгон мигъы цӕджындз уыди семӕ, ӕхсӕвыгон — арты цӕджындз.

Currently Selected:

Рацыд 13: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in