Дунедарӕг Йӕхӕдӕг фӕндагамонӕг сӕ разӕй цыди: боныгон — мигъы цӕджындзы хуызы, ӕхсӕвыгон та, рухсгӕнгӕ, — арты цӕджындзы хуызы, цӕмӕй сӕ фӕндагыл ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр къуылымпы ма кӕной. Адӕмӕн боныгон мигъы цӕджындз уыди семӕ, ӕхсӕвыгон — арты цӕджындз.