Рацыд 12
12
1Мысыры ма куы уыдысты Моисей ӕмӕ Аарон, уӕд сын Дунедарӕг загъта: 2«Ацы мӕй уын хъуамӕ афӕдзы фыццаг мӕйыл нымад уа. 3Израилы дзыллӕйӕн фехъусын кӕнут, йӕ дӕсӕм бон уӕ алы хӕдзар дӕр йӕ лыстӕг фосӕй иу уӕрыкк рахицӕн кӕнӕд, зӕгъгӕ. 4Гыццыл бинонтӕ куы уой ӕмӕ сын уӕрыкк иу хӕрдӕн бирӕ куы уа, уӕд-иу ӕй ӕввахсдӕр сыхагимӕ иумӕ бахӕрӕнт. Цал лӕджы фаг суыдзӕн, уый-иу сбӕрӕг кӕнӕнт. 5Уӕрыкк хъуамӕ уа ӕнӕсахъат, нӕл, афӕдздзыд. Уӕрыччы бӕсты райсӕн ис сӕныкк. 6Банхъӕлмӕ-иу кӕсут мӕйы цыппӕрдӕсӕм бонмӕ ӕмӕ-иу ӕй изӕрдалынгты аргӕвдут: Израилы дзыллӕйӕ алкӕмӕн дӕр афтӕ гӕнгӕ у. 7Райсут-иу ын йӕ тугӕй ӕмӕ дзы айсӕрдут, цы хӕдзӕртты йӕ хӕрдзыстут, уыдонӕн сӕ дуӕртты тарвӕзтӕ ӕмӕ уӕлкъӕсӕртӕ. 8Дзидза иууылдӕр тӕккӕ уыцы ӕхсӕв хъуамӕ хӕрд ӕрцӕуа, хӕрын ӕй хъӕуы физонӕгфыхӕй, донгонд дзултӕ ӕмӕ маст кӕрдӕджытимӕ. 9Ӕрдӕгфых кӕнӕ йӕ доны фыхӕй ма хӕрут, кусарт-иу ӕнӕхъӕнӕй — ӕд сӕр, ӕд къӕхтӕ, ӕд хуылфыдзаумӕттӕ — арты сӕрмӕ сфизонӕг кӕнут. 10Райсоммӕ-иу дзы мацыуал ныууадзут, цы дзы нӕ бахӕрат, уый арты басудзут. 11Хӕрут ронбастӕй, уӕ къахыдарӕс — уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ — уӕ къухы, афтӕмӕй. Хӕрут-иу тагъд-тагъд — уый Дунедарӕджы Куадзӕн у.
12Уыцы ӕхсӕв Ӕз Мысыры астӕуты ацӕудзынӕн ӕмӕ йын фӕмард кӕндзынӕн йӕ хистӕр фыртты дӕр ӕмӕ йӕ фосы сӕртӕ дӕр. Уый уыдзӕн Мӕ тӕрхон Мысыры ӕппӕт хуыцӕуттӕн. Ӕз — Дунедарӕг! 13Сымахӕн та уӕ хӕдзӕрттӕ тугӕй нысангонд уыдзысты ӕмӕ, уый фенгӕйӕ, уӕ иувӕрсты ацӕудзынӕн. Ӕз Мысыры зӕхх ахъаззаг ӕрцӕвдзынӕн, фӕлӕ сымахӕн ӕппындӕр ницы уыдзӕн. 14Уыцы бон уын мысӕн бонӕй баззайӕд ӕмӕ йӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ бӕрӕг кӕнут Дунедарӕджы кадӕн. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау.
15Авд боны дӕргъы хъуамӕ хӕрат донгонд дзултӕ. Фыццаг бонӕй фӕстӕмӕ уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕн куыннӕ уа, афтӕ бакӕнут. Уыцы авд боны дӕргъы ӕнхъизӕнджын дзулӕй чи фӕхъӕстӕ уа, уый Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн.
16Фыццаг бон банымайут уазыл, ӕвдӕм бон дӕр нымад ӕрцӕуӕд уазыл. Уӕхицӕн хӕринаг скӕнынӕй дарддӕр хъуамӕ мацы кусат уыцы бонты.
17Алы аз дӕр кӕнут Донгонд дзулты бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ уӕ, ӕфсадау, рӕнхъгай слӕууын кӕнгӕйӕ, Ӕз уыцы бон ракодтон Мысырӕй. Уыцы бон бӕрӕг кӕнут фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. Уый уын — мыггагмӕйы ӕгъдау. 18Фыццаг мӕйӕн йӕ цыппӕрдӕсӕм бон изӕрӕй йӕ дыууын фыццӕгӕм боны изӕрмӕ хъуамӕ ӕрмӕстдӕр донгонд дзултӕ хӕрат. 19Авд боны дӕргъы уӕ хӕдзӕртты ӕнхъизӕнӕн йӕ кой дӕр ма уӕд. Ӕнхъизӕнӕй конд дзул чи бахӕра, фӕнды ӕрцӕуӕггаг уӕд, фӕнды израилаг — Израилы адӕмӕй фӕхъӕудзӕн. 20Кӕмфӕнды куы цӕрат, уӕддӕр уыцы бонты ӕнхъызт хыссӕйы хъӕстӕ ма фӕкӕнут уӕхи — хӕрут-иу донгонд дзултӕ».
21Моисей басидт Израилы адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Алы бинонтӕ дӕр сӕ лыстӕг фосӕй равзарӕнт фыркъа кӕнӕ цӕукъа ӕмӕ акӕнут Куадзӕны кусӕрттӕ. 22Стӕй-иу райсут иссопы баст, стулут ӕй, мигӕнӕны цы туг уа, уым ӕмӕ дзы бапырх кӕнут уӕлкъӕсӕр ӕмӕ дуары дыууӕ тарвазы. Райсоммӕ уӕ йӕ къӕсӕрӕй ӕддӕмӕ мачи рахизӕд. 23Дунедарӕг Мысырыл Йӕ азар бафтауынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ уын уӕ уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрвӕзтыл туг куы фена, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕды нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуын, цӕмӕй уӕ ма амара.
24Ацы уагӕвӕрд мыггагмӕйы ӕгъдау уӕд сымахӕн дӕр ӕмӕ уӕ байзӕддагӕн дӕр. 25Дунедарӕг уын зӕрдӕ цы зӕххӕй бавӕрдта, уырдӕм куы бацӕуат, уӕд-иу ӕй ӕххӕст кӕнут. 26Уӕ цот уӕ куы фӕрсой, уый цы ӕгъдау у, зӕгъгӕ, 27уӕд-иу сын зӕгъут: „Уый Дунедарӕгӕн у Куадзӕны нывонд. Дунедарӕг мысырӕгты куы цагъта, уӕд израилӕгты хӕдзӕрттӕн сӕ иувӕрсты рацыд ӕмӕ нын нӕ бинонты фыдбылызӕй бахызта“».
Израилӕгтӕ Дунедарӕджы раз ӕрзоныг кодтой ӕмӕ Йӕм скуывтой. 28Уый фӕстӕ ацыдысты ӕмӕ, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ бакодтой.
29Дунедарӕг ӕмбисӕхсӕв ныццагъта Мысыры фыццаг цӕуӕт: цагъды фесты, паддзахы бадӕны чи бады, уыцы фараоны хистӕр фырт дӕр, ахӕстоны чи бады, уыцы уацайраджы хистӕр фырт дӕр, фосы фыццаг нӕл зӕйц дӕр. 30Уыцы ӕхсӕв фараон, йӕ дӕлдӕртӕ ӕмӕ Мысыры адӕм иууылдӕр удаистӕй фестадысты сӕ хуыссӕнтӕй, зӕрдӕхалӕн хъарӕг ӕмӕ судзаджы ӕрдиагӕй байдзаг ис Мысыры бӕстӕ — алы хӕдзары дӕр уыди зиан.
31Раст уыцы ӕхсӕв фараон фӕсидти Моисей ӕмӕ Ааронмӕ ӕмӕ сын загъта: «Сыстут мӕ адӕмы ’хсӕнӕй, сымах дӕр ӕмӕ израилӕгтӕ дӕр, ӕмӕ, куыд дзырдтат, афтӕ цӕут ӕмӕ Дунедарӕгӕн бакувут. 32Уӕ лыстӕг фос ӕмӕ стурты дӕр, куыд дзырдтат, афтӕ уӕ разӕй атӕрут ӕмӕ Дзы Йӕ хорзӕх мӕнӕн дӕр ракурут».
33Мысырӕгтӕ израилӕгты тагъд кодтой; ӕвӕстиатӕй сӕ фӕндаг куыд дарой, ууыл архайдтой, науӕд иууылдӕр цагъды фӕуыдзыстӕм, зӕгъгӕ. 34Цы гӕнӕн ма уыд израилӕгтӕн, хыссӕ нӕма сӕнхъызт, афтӕмӕй алчи йӕ хыссӕйы арынг йӕ уӕлӕфтауы атыхта ӕмӕ йӕ йе ’ккой акодта.
35Моисей сын куыд фӕдзӕхста, Израилы адӕм афтӕ бакодтой — мысырӕгтӕй куырдтой ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ, дарӕс. 36Дунедарӕджы фӕндонӕй мысырӕгтӕ израилӕгтӕм хӕлар цӕстӕй ракастысты ӕмӕ сын, цы куырдтой, уый лӕвӕрдтой. Израилӕгтӕ Мысырӕй рацыдысты стыр ӕфтиагимӕ. 37Рамсесӕй Суккотмӕ фистӕгӕй чи араст ис, уыдон, сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕ нымайгӕйӕ, уыдысты ӕхсӕзсӕдӕ мин лӕджы бӕрц. 38Ӕндӕрбӕстӕгтӕй дӕр семӕ бирӕ уыд. Семӕ уыди тынг бирӕ фос — фыстӕ ӕмӕ сӕгътӕ, стуртӕ. 39Мысырӕй цы хыссӕ рахастой, уымӕй афыхтой донгонд дзултӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй сургӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ хӕринаг сцӕттӕ кӕныны бон нал фӕци.
40Израилӕгтӕ Мысыры фӕцардысты цыппарсӕдӕ ӕртын азы. 41Цыппарсӕдӕ ӕртын азы куы рацыди, тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕджы адӕм рӕнхъыстадӕй рацыдысты Мысыры зӕххӕй. 42Дунедарӕг сӕ Мысырӕй цы ӕхсӕв ракодта, уыцы ӕхсӕв сӕм иудадзыг йӕ хъус дардта. Уӕдӕй фӕстӕмӕ израилӕгтӕ фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Дунедарӕджы кадӕн бӕрӕг кӕнынц уыцы ӕхсӕв.
43Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Мӕнӕ уын Куадзӕны ӕгъдау. Ӕндӕрбӕстӕгтӕн дзы аходын не ’мбӕлы. 44Хӕрӕн дзы ис, ӕвзистӕй ӕлхӕд чи ӕрцӕуа ӕмӕ сунӕт кӕмӕн скӕнат, уыцы цагъарӕн. 45Рӕстӕгмӕ дӕ хӕдзары чи цӕры, уыцы ӕххуырст дзы ма бахӕрӕд. 46Дзидза хӕрын хъӕуы, кусарт кӕм акодтой, уым. Ӕддӕмӕ дзы мацы рахӕссут, йе стджытӕ дӕр ын ма асӕттут. 47Куадзӕн хъуамӕ бӕрӕг кӕна ӕппӕт Израилы дзыллӕ. 48Ӕрцӕуӕггаг чи у уе ’хсӕн, уый куы бафӕнда Дунедарӕджы Куадзӕн сбӕрӕг кӕнын, уӕд-иу ын йӕ хӕдзары нӕлгоймӕгтӕн се ’гасӕн дӕр сунӕт скӕнут. Уый фӕстӕ йӕ бон уыдзӕни Куадзӕн скӕнын, уымӕн ӕмӕ нымад ӕрцӕудзӕни бынӕттон цӕрӕгыл. Ӕнӕсунӕттӕй дзы мачи саходӕд. 49Уыцы иу ӕгъдау уӕм уӕд израилагӕн дӕр ӕмӕ, уе ’хсӕн ӕрцӕуӕггаг чи у, уымӕн дӕр».
50Ӕмӕ израилӕгтӕ бакодтой, Дунедарӕг Моисей ӕмӕ Ааронӕн куыддӕриддӕр бафӕдзӕхста, афтӕ.
51Тӕккӕ уыцы бон Дунедарӕг израилӕгты ӕфсад ракодта Мысыры зӕххӕй.
Currently Selected:
Рацыд 12: ОссБ
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.