1
Йаков 1:2-3
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Алы фӕлварӕнты куы бахаут, ме ’фсымӕртӕ, уӕд ӕй уӕхицӕн нымайут стыр амондыл, уымӕн ӕмӕ, уӕ уырнындзинад фӕлварӕнты куы бахауы, уӕд фӕразон кӕй свӕййут, уый зонут.
Compare
Explore Йаков 1:2-3
2
Йаков 1:5
Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.
Explore Йаков 1:5
3
Йаков 1:19
Уӕ зӕрдыл бадарут, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ: алчидӕр рӕвдз уӕд байхъусынмӕ, рагацау хъуыды кӕнӕд йӕ ныхасыл, мӕстыгӕр ма уӕд.
Explore Йаков 1:19
4
Йаков 1:4
Фӕразондзинад та сымах хъуамӕ ӕркӕна, алцӕмӕй дӕр уӕ монон кары куыд бацӕуат ӕмӕ ӕххӕст куыд уат, ӕппындӕр уӕм куыд ницы аипп уа, уымӕ.
Explore Йаков 1:4
5
Йаков 1:22
Ӕххӕст ӕй кӕнут ӕмӕ ма ут, ӕрмӕст ӕм байхъусынӕй дарддӕр чи ницы аразы ӕмӕ уымӕй йӕхӕдӕг йӕхи чи сайы, ахӕмтӕ.
Explore Йаков 1:22
6
Йаков 1:12
Тӕхудиаг у фӕлварӕнӕн фӕразон адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, фӕлвӕрд куы уа, уӕд райсдзӕни, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг — мыггагмӕйы цард.
Explore Йаков 1:12
7
Йаков 1:17
Хорзӕй цыдӕриддӕр ис, уый дӕр, стӕй алы ӕххӕст лӕвар дӕр ӕрцӕуынц уӕлӕрвтӕй, иудадзыг иухуызон Чи у ӕмӕ ӕппындӕр Чи нӕ ивы, Уымӕй — рухсы Фыдӕй.
Explore Йаков 1:17
8
Йаков 1:23-24
Уымӕн ӕмӕ, ныхас чи хъусы, фӕлӕ йӕ чи не ’ххӕст кӕны, уый у, кӕсӕны йӕхимӕ чи кӕсы, уыцы адӕймаджы хуызӕн: федта йӕхи, иуварс ацыд ӕмӕ дзы уайтӕккӕ ферох, цы хуызӕн у, уый.
Explore Йаков 1:23-24
9
Йаков 1:27
Сидзӕрты, идӕдзты сӕ зынты барӕвдауын, а дунейы чъизитӕй хи бахизын, — уый у Фыд Хуыцауы раз сыгъдӕг ӕмӕ ӕнӕфау уырнындзинад.
Explore Йаков 1:27
10
Йаков 1:13-14
Фӕлварӕнты чи бахауа, уый ма дзурӕд: «Хуыцау мӕ къахы». Хуыцауӕн фыдӕхӕй ракъахӕн нӕй, стӕй Йӕхӕдӕг дӕр никӕй къахы. Фӕлӕ алкӕй дӕр ракъахы йӕхи монц, сцыбӕл ӕй кӕны ӕмӕ йӕ къӕппӕджы баппары.
Explore Йаков 1:13-14
11
Йаков 1:9
Мӕгуыр ӕфсымӕр ӕппӕлӕд, Хуыцау ӕй бӕрзонд кӕй сӕвӕрдта, уымӕй.
Explore Йаков 1:9
Home
Bible
Plans
Videos