„Ацу уыцы адӕммӕ ӕмӕ сын зӕгъ:
Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут,
цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут.
Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты,
хъусӕй зынтӕй хъусынц, сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой,
цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной,
хъусӕй дӕр ма фехъусой
ӕмӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой,
се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.