Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз ратондзынӕн бӕрзонд кедры цъупп, йӕ уӕллаг къалиуты ӕвзонгдӕр, ӕмӕ йӕ ныссадздзынӕн бӕрзонд ӕмӕ цытджын хохыл. Ныссадздзынӕн ӕй Израилы бӕрзонд хохыл, ӕмӕ уый айтындздзӕн йӕ къалиутӕ ӕмӕ ӕрхӕсдзӕни дыргъ. Уый суыдзӕн егъау кедр, ӕмӕ йӕ быны, йӕ къалиуты аууоны, цӕрдзысты алымыггаг мӕргътӕ.