1
Езекиел 18:32
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕз никӕй мӕлӕтмӕ бӕллын, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — уӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ цӕрут!»
Compare
Explore Езекиел 18:32
2
Езекиел 18:20
Тӕригъӕдтӕ чи кӕны, уый та амӕлдзӕни. Фыды азым фыртӕй не ’рдомдӕуыдзӕн, фырты азым та — фыдӕй. Рӕстгӕнӕгӕн йӕ рӕстад баззайдзӕни йемӕ, ӕнаккагӕн та тӕрхонгӕнӕг уыдзысты йе ’наккаг митӕ.
Explore Езекиел 18:20
3
Езекиел 18:31
Уӕхицӕй аппарут, ныронг цы тӕригъӕдтӕ кодтат, уыдон ӕмӕ райсут ног зӕрдӕ ӕмӕ ног уд. Израилы адӕм, цӕмӕн хъуамӕ бабын уат?
Explore Езекиел 18:31
4
Езекиел 18:23
Ӕз ӕнаккагӕн, мыййаг, йӕ амӕлӕтмӕ бӕллын? — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Цӕмӕй йе ’наккаг митӕ ныууадза ӕмӕ цӕра, уымӕ нӕ бӕллын, ӕви?
Explore Езекиел 18:23
5
Езекиел 18:21
Фӕлӕ ӕнаккаг дӕр йӕ раздӕры тӕригъӕдтӕ куы ныууадза ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтӕ куы нымайа, рӕстгӕнӕг ӕмӕ ӕгъдауджын куы суа, уӕд цӕргӕйӕ баззайдзӕн, нӕ амӕлдзӕн.
Explore Езекиел 18:21
6
Езекиел 18:9
Мӕ уагӕвӕрдтӕ Мын чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Мын Мӕ амындтытӕ чи нымайы, уый рӕстгӕнӕг у ӕмӕ ӕнӕмӕнг цӕрдзӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Explore Езекиел 18:9
Home
Bible
Plans
Videos